Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 30:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Ӕмӕ уӕ фыдӕлтау хиваст ма ут, Дунедарӕджы коммӕ кӕсут. Ӕрбацӕут Ын Йӕ Кувӕндонмӕ, мыггагмӕ кӕй ссыгъдӕг кодта, уырдӕм. Лӕггад кӕнут уӕ Дунедарӕг Хуыцауӕн, ӕмӕ уӕ иуварс аздаха Йӕ судзгӕ маст.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 30:8
30 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фӕлӕ уӕддӕр Дунедарӕджы маст нӕ фӕкъаддӕр иудейӕгтӕм, уымӕн ӕмӕ Йӕ Менассиа тынг бафхӕрдта йе ’наккаг митӕй.


Паддзах Соломонӕн, иузӕрдион ыл кӕй сты, уый тыххӕй ард бахордтой ӕппӕт хицӕуттӕ, гуыппырсартӕ ӕмӕ Давиды иннӕ фырттӕ дӕр.


Ӕрбайхъусут мӕм уӕдӕ! Уӕ уацайраг ӕрвадӕлты се ’ппӕты дӕр суӕгъд кӕнут, уымӕн ӕмӕ уӕм Дунедарӕджы маст ссыгъд».


загътой сын: «Уацайрӕгты ардӕм ма ’рбакӕнут — Дунедарӕджы раз фӕтӕригъӕдджын уыдзыстӕм. Нӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ ма нын нӕ фыдракӕндтыл ноджыдӕр бафтауынмӕ хъавут? Ӕнӕуи дӕр стыр у нӕ азым, ӕмӕ Йӕ маст ссыгъд Израилмӕ».


Ныр ӕз сфӕнд кодтон бафидауын Дунедарӕгимӕ, Израилы Хуыцауимӕ, кӕд нӕ Йӕ масты цӕхӕртӕ иуварс аздахид.


Цедекиа сыстади паддзах Навуходоносоры ныхмӕ, кӕд ын уый Хуыцауы раз ард бахӕрын кодта, уӕддӕр. Ахӕм хивӕнд ӕмӕ хиваст разынди, ӕмӕ йӕ ӕппындӕр Дунедарӕгмӕ, Израилы Хуыцаумӕ, йе ’ргом раздахын нал фӕндыд.


„Мӕ адӕмы Мысырӕй куы ракодтон, уӕдӕй абонмӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕй иуы сахар дӕр нӕ равзӕрстон, цӕмӕй дзы Мӕ номыл Кувӕндон саразон, стӕй мӕ адӕмӕн хицауӕй дӕр никӕй сӕвзӕрстон.


Фӕлӕ ныр Ӕз равзӕрстон Йерусалим, цӕмӕй дзы цӕра Мӕ ном, ӕмӕ сӕвзӕрстон Давиды, цӕмӕй ӕрлӕууа Мӕ адӕмы, Израилы сӕргъы“.


Ӕз ацы Кувӕндон Мӕхицӕн равзӕрстон ӕмӕ йӕ срухс кодтон. Мыггагмӕ дзы цӕрдзӕни Мӕ ном, Мӕ цӕстытӕ ӕмӕ Мӕ зӕрдӕ ӕдзухдӕр уыдзысты уым.


Фӕлтау ӕппӕт адӕмы бӕсты нӕ хицӕуттӕ ӕрбамбырд уӕнт, ӕмӕ, ӕндӕрмыггаг устытӕ чи ракуырдта, уыдон иууылдӕр нысангонд рӕстӕг ардӕм цӕуӕнт, алкӕмӕн дӕр дзы йемӕ йӕ сахары хистӕртӕ ӕмӕ тӕрхонгӕнджытӕ, афтӕмӕй, цалынмӕ нӕ уыцы хъуыддаджы тыххӕй Хуыцауы карз фыдӕхӕй схицӕн уӕм, уӕдмӕ».


Уыдон сӕ къухтӕ радтой, сӕ устытимӕ кӕй ахицӕн уыдзысты ӕмӕ фӕйнӕ фысы фиддоны нывондӕн кӕй ӕрхӕсдзысты, уый тыххӕй;


О Хуыцау, фехъус мын мӕ куывд, знаджы тасӕй мӕ бахиз;


Сӕ цӕстырухс сыл баталынг уӕд, ӕндзыгнизӕй фӕсӕйӕнт, цӕрӕнбонты ӕдзухъом куыд уой, афтӕ.


Зарӕджы ӕппӕлдзынӕн Хуыцауы номӕй, Йе стырад Ын кады зарӕгӕй стаудзынӕн.


Ды скодтай арӕнтӕ зӕххӕн, сӕрд ӕмӕ зымӕг Ды сфӕлдыстай.


Дунедарӕг ма ноджыдӕр загъта Моисейӕн: «Куыд кӕсын, афтӕмӕй ацы адӕм тынг хиваст сты.


Алырдыгӕй йыл хъӕр кӕнут! Йӕхи радта знӕгтӕм, ныппырх сты йӕ фидӕрттӕ, йӕ систӕ ныззыгуым сты. Дунедарӕджы азар у уый! Уӕ маст дзы райсут! Йӕхӕдӕг цытӕ кодта, уыдӕттӕ йын бавзарын кӕнут!


Йесо йын дзуапп радта: «Фесӕф, сайтан! Фыст ис: „Кув дӕ Хицау Хуыцаумӕ ӕмӕ ӕрмӕстдӕр Уымӕн лӕггад кӕн“».


Мӕнӕн чи лӕггад кӕны, уый Мӕ фӕдыл хъуамӕ цӕуа ӕмӕ, Ӕз кӕм дӕн, уый дӕр уым уыдзӕни. Мӕнӕн чи лӕггад кӕны, уыцы адӕймагӕн Мӕ Фыд скад кӕндзӕн.


Израилы тыххӕй та зӕгъы: «Алы бон дӕр, мӕ цӕнгтӕ сӕм даргӕйӕ, сидтӕн ӕгоммӕгӕс ӕмӕ хивӕнд адӕммӕ».


Фӕлӕ тӕригъӕдӕй суӕгъд стут ӕмӕ систут Хуыцауы цагъартӕ; ныртӕккӕ уӕ хӕрзиуӕг у сыгъдӕг цард, ӕппынфӕстаг та райсдзыстут мыггагмӕйы цард.


Уӕдӕ сунӕт скӕнут уӕ зӕрдӕтӕн ӕмӕ амӕй фӕстӕмӕ уӕхи фӕнд мауал тӕрут.


Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауӕй, тӕрсут, ӕрмӕстдӕр Уымӕн лӕггад кӕнут ӕмӕ Йӕ номӕй сомы кӕнут.


Макуы хизут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, ныхасы сӕрты, кӕддӕриддӕр ӕххӕст кӕнут, Уый уын цы фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ бафӕдзӕхста, уыдон.


Кӕд ӕмӕ уӕ нӕ фӕнды Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнын, уӕд та абон уӕхицӕн равзарут, кӕмӕн лӕггадгӕнинаг стут, уыдоны. Уӕ фыдӕлтӕ доны фале кӕмӕн лӕггад кодтой, уыцы аморӕгты хуыцӕуттӕн уӕ ӕрфӕндыди лӕггад кӕнын? Уӕ бар — уӕхи. Ӕз ӕмӕ мӕ хӕдзар лӕггад кӕндзыстӕм ӕрмӕстдӕр Дунедарӕгӕн».


Уымӕн лӕууынц Хуыцауы бадӕны раз ӕмӕ Йын ӕхсӕвӕй-бонӕй лӕггад кӕнынц Йӕ Кувӕндоны, ӕмӕ сӕ паддзахы бадӕны Бадӕг бакӕндзӕни Йӕ дӕлбазыр.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ