Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 30:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Паддзах ӕмӕ йӕ барджынты номӕй фидиуджытӕ ӕгас Израил ӕмӕ Иудейыл фыстӕджытимӕ ӕрзылдысты ӕмӕ паддзахы бардзырд хъусын кодтой: «Израилы адӕм! Уе ’ргом раздахут Дунедарӕгмӕ, Авраам, Исаак ӕмӕ Израилы Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕд Уый дӕр Йе ’ргом раздахдзӕни сымахмӕ, Ассирийы паддзӕхтӕй ма уӕ чи аирвӕзти, уыдонмӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 30:6
25 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Изӕры нывонд хӕссын афон пехуымпар Илийа нывондхӕссӕнмӕ бацыд ӕмӕ скуывта: «О Дунедарӕг, Авраамы, Исаакы ӕмӕ Израилы Хуыцау! Ацы бон иууылдӕр базонӕнт, Ды Израилӕн иунӕг Хуыцау кӕй дӕ, ӕз та Дӕ лӕггадгӕнӕг кӕй дӕн ӕмӕ ацы хъуыддаг иууылдӕр Дӕ дзырдӕй кӕй бакодтон, уый.


Израилы зӕхмӕ ӕрбабырста Ассирийы паддзах Пул, ӕмӕ йын Менахем радта ӕвзисты мин таланты, кӕд мӕ фарс рахӕцид ӕмӕ мӕ паддзахдзинад ӕрфидар уаид, зӕгъгӕ.


Израилы паддзах Фекахы заман Израилмӕ ӕрбабырста Тиглат-Пилесер, Ассирийы паддзах. Бацахста сахартӕ Ийон, Авел-Бет-Мааха, Йаноах, Кедеш ӕмӕ Хацор; Галаад ӕмӕ Галилейы зӕххытӕ, стӕй Неффалимы хӕдзарвӕндаджы зӕхх иууылдӕр. Сӕ цӕрджытӕ хаст ӕрцыдысты Ассиримӕ.


О Дунедарӕг, нӕ фыдӕлтӕ Авраам, Исаак ӕмӕ Израилы Хуыцау! Мыггагмӕ бахъахъхъӕн Дӕ адӕмӕн йӕ ацы зӕрдӕйы уаг, цӕмӕй Дыл ма сивой сӕ зӕрдӕ.


уӕд сын Израилы Хуыцау сӕ ныхмӕ самидин кодта Ассирийы паддзах Пулы — йӕ иннӕ ном Тиглат-Пилесер, — ӕмӕ уый Рувимы, Гады ӕмӕ Менассиайы хӕдзарвӕндагӕн йе ’мбис уацары райста, акодта сӕ Халахмӕ, Хавормӕ, Харамӕ ӕмӕ Гозаны донмӕ, ӕмӕ ма абоны онг дӕр цӕрынц уым.


Ассирийы паддзах Тиглат-Пилесер ӕрбацыд Ахазмӕ, фӕлӕ йыл, йӕ фарс рахӕцыны бӕсты, ӕрхъула кодта.


Фӕдисӕттӕ паддзахады алы кӕрӕттӕм тӕргӕбӕхӕй фӕхӕццӕ кодтой паддзахы уынаффӕ — дыууадӕсӕм мӕйы, ома адары, ӕртындӕсӕм бон дзуттӕгты иууылдӕр ӕмбойны — зӕрондӕй, ӕрыгонӕй, ӕд сабитӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ — ныццӕгъдут, ныммарут, мыггагыскъуыд фӕкӕнут, сӕ исбон та сын хӕлӕттаг фӕкӕнут, зӕгъгӕ.


Паддзахы фӕндонмӕ гӕсгӕ фидиуджытӕ паддзахы дугъон бӕхтыл ӕвӕстиатӕй фӕцагайдтой. Уынаффӕ хъуыстгонд ӕрцыди Шушаны дӕр.


Фӕдисонау згъорынц мӕ бонтӕ, уайынц, фӕлӕ сӕм хорзӕй ницы зыны.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг ма нӕ цалдӕры удӕгасӕй куы нӕ ныууагътаид, уӕд нӕ Содомы хъысмӕт баййӕфтаид, Гоморрӕйы ӕмбисонд ныл ӕрцыдаид!


Адӕмӕн ма йыл сӕ дӕсӕймаг хай куы баззайа, уӕд дӕр та ногӕй гӕныстонмӕ ӕрцӕудзӕни. Фӕлӕ теревинф ӕмӕ тулдз бӕласӕй, куы сӕ акалынц, уӕд бындзӕфхад куыд баззайы, афтӕ уыдонӕй дӕр баззайдзӕни уаз мыггаг».


Навуходоносор Йерусалимӕй Вавилонмӕ уацары кӕй акодта, уыцы адӕмы ’хсӕн ма цы хистӕртӕ баззад, уыдонмӕ, стӕй сауджынтӕ, пехуымпартӕ ӕмӕ ӕппӕт адӕммӕ Йеремиа Йерусалимӕй арвыста мӕнӕ ацы фыстӕг.


Раздӕхут, сабитӕ, гадзрахатӕй рацӕуджытӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — уымӕн ӕмӕ Ӕз дӕн уӕ Сӕрыхицау. Алы сахарӕй дӕр Ӕз райсдзынӕн иуы, алы хӕдзарвӕндагӕй дӕр — дыууӕйы, ӕмӕ уӕ ӕркӕндзынӕн Сионмӕ.


«Израил, куы раздӕхай, — зӕгъы Дунедарӕг, — куы Мӕм раздӕхай ӕмӕ де ’лгъӕгтӕ Мӕ разӕй куы айсай, хъеллау куынӕуал кӕнай ӕмӕ Дунедарӕгӕй ард куы бахӕрай, ӕцӕг ӕмӕ рӕстаг куы уа дӕ сомы, уӕд дӕ фӕрцы адӕмтӕ арфӕгонд уыдзысты ӕмӕ дӕ стаудзысты».


Фӕдисон ивы фӕдисоны, фидиуӕг — фидиуӕджы, цӕмӕй Вавилоны паддзахӕн фехъусын кӕной, йӕ сахар иууылдӕр знаджы къухмӕ кӕй бахауд,


Фӕндаг ссарӕм, Дунедарӕгмӕ раздӕхӕм,


О Дунедарӕг! Раздах нӕ Дӕхимӕ, ӕмӕ уӕд раздӕхдзыстӕм. О, ратт нын ногӕй рагзаманты цард!


Зӕгъ сын: „Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — Мӕн нӕ фӕнды, цӕмӕй тӕригъӕдджын амӕла, уый. Мӕн фӕнды, цӕмӕй йӕ фыдвӕндӕгтӕ ныууадза ӕмӕ цӕра. Раздӕхут, уе ’наккаг митӕ ныууадзут! Израилы адӕм, уӕхи цӕмӕн сафут?“


Самари баййафдзӕнис ӕфхӕрд, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцауы ныхмӕ сыстади. Йӕ адӕм карды амӕттаг фӕуыдзысты, сӕ сабиты сын уӕнггай скӕндзысты, сывӕрджын сылгоймӕгтӕн сӕ гуыбынтӕ акъӕртт кӕндзысты.


Хъизӕмар куы кӕной, уӕд Мӕ сӕумӕйӕ агурдзысты: «Цомут, Дунедарӕгмӕ раздӕхӕм — Уый ныл низ бафтыдта, ӕмӕ нӕ Уый Йӕхӕдӕг сӕнӕниз скӕндзӕни, Уый нӕ ӕрцавта, ӕмӕ нын нӕ хъӕдгӕмттӕм дӕр Уый базилдзӕн.


Уӕ фыдӕлты хуызӕн ма ут, раздӕр цы пехуымпартӕ уыди, уыдон-иу сын дзырдтой: „Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: уӕ фыдвӕндӕгтӕ ӕмӕ уӕ фыдбылызы хъуыддӕгтӕ ныууадзут“. Фӕлӕ Мӕм уыдон нӕ хъуыстой.


Ӕрбахӕстӕг ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм ӕрбахӕстӕг уыдзӕн. Ссыгъдӕг кӕнут уӕ къухтӕ, тӕригъӕдджынтӕ; ӕрӕхсут уӕ зӕрдӕтӕ, уӕ дызӕрдыгтӕ аиуварс кӕнут.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ