Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 30:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Ӕмӕ сфӕнд кодтой фехъусын кӕнын ӕгас Израилӕн, Беер-Шевӕйӕ Даны онг, цӕмӕй иууылдӕр ӕрбацӕуой Йерусалиммӕ, Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, Куадзӕнмӕ. Уымӕн ӕмӕ, Ӕгъдауы чиныджы куыд фыст ис, афтӕ йӕ рагӕй нал сбӕрӕг кодтой.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 30:5
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Райсомӕй раджы Авраам райста дзул ӕмӕ доны лалым, Агары уӕхскыл сӕ сӕвӕрдта, радта йын лӕппуйы дӕр ӕмӕ йӕ арвыста афтӕмӕй. Уый араст ис ӕмӕ Беер-Шевӕйы ӕдзӕрӕг быдыры фӕдзӕгъӕл ис.


Ӕгас Иудей ӕмӕ Йерусалимӕн фехъусын кодтой, цӕмӕй Дунедарӕгӕн, кӕддӕр ӕдзӕрӕг быдыры Хуыцауы цагъар Моисей Израилы адӕмӕн кӕй снысан кодта, уыцы хъалон хӕссой.


Афтӕ бакӕнын паддзахмӕ дӕр ӕмӕ ’ппӕт ӕмбырдмӕ дӕр раст фӕкасти.


Пехуымпар Самуелы заманӕй фӕстӕмӕ Израилы ахӕм Куадзӕн никуыуал уыд. Израилы паддзӕхтӕй иу дӕр Куадзӕн Иосиайы хуызӕн никуы сбӕрӕг кодта: сауджынтӕ ӕмӕ левиттимӕ, Иудей ӕмӕ Израилы адӕмӕй уым чи уыдис, уыдонимӕ ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытимӕ.


Персайнаг паддзах Кирӕн йӕ паддзахиуӕджы фыццӕгӕм аз сӕххӕст ис, Дунедарӕг пехуымпар Йеремиайы уылты цы фехъусын кодта, уый. Дунедарӕг персайнаг паддзахы сразӕнгард кодта, цӕмӕй йе ’ппӕт паддзахады дӕр фехъусын кӕна ӕмӕ ныффысса ахӕм бардзырд:


Паддзах, уӕдӕ ныр ацы бардзырдыл дӕ къух ӕрӕвӕр, цӕмӕй, мидиӕгтӕ ӕмӕ персайнӕгты ӕгъдӕуттӕн аивӕн куыд нӕй, афтӕ уымӕн дӕр фехалӕн ма уа».


цӕмӕй израилӕгтӕн зӕгъа: «Мӕнӕ — Дунедарӕджы бӕрӕгбӕттӕ, ӕмӕ-иу хъуамӕ уазӕмбырдтӕ скӕнат. Уыцы бонтӕ снысан кодтон Мӕхӕдӕг.


Мӕнӕ Дунедарӕджы бӕрӕгбӕттӕ, уазӕмбырдтӕ. Бӕрӕг кӕнын сӕ хъӕуы бӕлвырд афонты.


Разы уӕ дӕн, ӕфсымӕртӕ, алы хъуыддаджы дӕр уӕ зӕрдыл кӕй лӕууын ӕмӕ уӕм цы ахуырад ӕрхастон, ууыл иууылдӕр фидар кӕй хӕцут, уымӕй.


Цыдӕриддӕр уын фӕдзӕхсын, уыдон, ӕппаргӕ дӕр ӕмӕ сӕм ӕфтаугӕ дӕр мацы бакӕнут, афтӕмӕй бӕстон ӕххӕст кӕнут.


Израилӕгтӕ, ӕгас дзыллӕ, Данӕй Беер-Шевӕйы онг чидӕриддӕр царди, стӕй Галаады цӕрджытӕ, — иууылдӕр иу лӕджы хуызӕн Мицпайы сахармӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ Дунедарӕджы раз ӕрлӕууыдысты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ