4 Афтӕ бакӕнын паддзахмӕ дӕр ӕмӕ ’ппӕт ӕмбырдмӕ дӕр раст фӕкасти.
Ӕмбырды адӕм сразы сты Давидимӕ, се ’ппӕтмӕ дӕр раст фӕкаст йӕ фӕндон.
Йӕ афоныл ын нӕ уыди скӕнӕн, уымӕн ӕмӕ уӕд нырма, цас ӕмбӕлди, уый бӕрц сауджынтӕ нӕма ссыгъдӕг кодтой сӕхи, стӕй адӕм дӕр се ’ппӕт нӕма ӕрӕмбырд сты Йерусалиммӕ.
Ӕмӕ сфӕнд кодтой фехъусын кӕнын ӕгас Израилӕн, Беер-Шевӕйӕ Даны онг, цӕмӕй иууылдӕр ӕрбацӕуой Йерусалиммӕ, Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, Куадзӕнмӕ. Уымӕн ӕмӕ, Ӕгъдауы чиныджы куыд фыст ис, афтӕ йӕ рагӕй нал сбӕрӕг кодтой.