Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 30:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Йӕ афоныл ын нӕ уыди скӕнӕн, уымӕн ӕмӕ уӕд нырма, цас ӕмбӕлди, уый бӕрц сауджынтӕ нӕма ссыгъдӕг кодтой сӕхи, стӕй адӕм дӕр се ’ппӕт нӕма ӕрӕмбырд сты Йерусалиммӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 30:3
8 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дунедарӕджы Кувӕндон сыгъдӕг кӕнын райдыдтой фыццаг мӕйы фыццаг бон ӕмӕ йын уыцы мӕйы ӕстӕм бонмӕ рахӕццӕ сты йӕ тыргъмӕ. Кувӕндон ссыгъдӕг кӕныны куыст ма ноджыдӕр аст боны ахаста, ӕмӕ сын афтӕмӕй фыццаг мӕйы ӕхсӕрдӕсӕм бон сыгъдӕггонд фӕци.


Сауджынты нымӕц ӕгӕр гыццыл уыди, цӕмӕй иууылсудзинаг нывӕндты цӕрмттӕ иууылдӕр бастигъой, ӕмӕ сын левиттӕ ӕххуыс кодтой, цалынмӕ куыст кӕронмӕ нӕ фӕци ӕмӕ иннӕ сауджынтӕ дӕр сӕхи не ссыгъдӕг кодтой, уӕдмӕ. Уымӕн ӕмӕ левиттӕ, сауджынтӕй уӕлдай, фылдӕр бацархайдтой сӕхи ссыгъдӕг кӕныныл.


Уый фӕстӕ, дыккаг мӕйы цыппӕрдӕсӕм бон, аргӕвстой Куадзӕны уӕрыччы. Сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ сӕхиуыл ӕрхудтысты, ссыгъдӕг кодтой сӕхи ӕмӕ Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ ’рбахастой.


Уымӕн ӕмӕ ма сын Иудейы паддзах Езекиа мин галы раттын кодта, авд мины та — лыстӕг фос. Барджынтӕ дӕр сын мин галы рахицӕн кодтой, дӕс мины та — лыстӕг фос. Сауджынтӕй дӕр ма бирӕтӕ сӕхи ссыгъдӕг кодтой.


Афтӕ бакӕнын паддзахмӕ дӕр ӕмӕ ’ппӕт ӕмбырдмӕ дӕр раст фӕкасти.


Уӕхи ссыгъдӕг кӕнут ӕмӕ уе ’рвадӕлтӕн Куадзӕны уӕрыкк аргӕвдут, Дунедарӕг Моисейы уылты куыд бафӕдзӕхста, афтӕ».


Фыццаг мӕйӕн йӕ цыппӕрдӕсӕм бон изӕрӕй йӕ дыууын фыццӕгӕм боны изӕрмӕ хъуамӕ ӕрмӕстдӕр донгонд дзултӕ хӕрат.


Банхъӕлмӕ-иу кӕсут мӕйы цыппӕрдӕсӕм бонмӕ ӕмӕ-иу ӕй изӕрдалынгты аргӕвдут: Израилы дзыллӕйӕ алкӕмӕн дӕр афтӕ гӕнгӕ у.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ