Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 30:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Уымӕн ӕмӕ ма сын Иудейы паддзах Езекиа мин галы раттын кодта, авд мины та — лыстӕг фос. Барджынтӕ дӕр сын мин галы рахицӕн кодтой, дӕс мины та — лыстӕг фос. Сауджынтӕй дӕр ма бирӕтӕ сӕхи ссыгъдӕг кодтой.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 30:24
8 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Сауджынты нымӕц ӕгӕр гыццыл уыди, цӕмӕй иууылсудзинаг нывӕндты цӕрмттӕ иууылдӕр бастигъой, ӕмӕ сын левиттӕ ӕххуыс кодтой, цалынмӕ куыст кӕронмӕ нӕ фӕци ӕмӕ иннӕ сауджынтӕ дӕр сӕхи не ссыгъдӕг кодтой, уӕдмӕ. Уымӕн ӕмӕ левиттӕ, сауджынтӕй уӕлдай, фылдӕр бацархайдтой сӕхи ссыгъдӕг кӕныныл.


Уымӕ гӕсгӕ Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Ссыд уӕлӕмӕ, райста уацайрӕгты ӕмӕ адӕймӕгтӕн радта лӕвӕрттӕ».


Уымӕн та йӕ хӕс у адӕмы ифтонг кӕнын иууылсудзинӕгтӕй, хойраджы хуынтӕй ӕмӕ сӕнӕй — сабӕттӕ, мӕйногтӕ ӕмӕ иннӕ бӕрӕгбӕтты заман, Израилы адӕмы ӕппӕт бӕрӕгбӕтты заман, цӕмӕй-иу Израилы адӕм сӕхи ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй хӕссой тӕригъӕды нывӕндтӕ, хойраджы хуынтӕ, иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ».


Йӕ афоныл ын нӕ уыди скӕнӕн, уымӕн ӕмӕ уӕд нырма, цас ӕмбӕлди, уый бӕрц сауджынтӕ нӕма ссыгъдӕг кодтой сӕхи, стӕй адӕм дӕр се ’ппӕт нӕма ӕрӕмбырд сты Йерусалиммӕ.


ӕмӕ стӕй ӕппӕт адӕмӕн, чи ӕрбамбырд ис, уыцы израилӕгтӕн, нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, фӕйнӕ дзулы, финикты ӕмӕ чисмисты фӕйнӕ гуылы байуӕрста. Уый фӕстӕ адӕмӕй алчи йӕ хӕдзармӕ ацыд.


Уый фӕстӕ, дыккаг мӕйы цыппӕрдӕсӕм бон, аргӕвстой Куадзӕны уӕрыччы. Сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ сӕхиуыл ӕрхудтысты, ссыгъдӕг кодтой сӕхи ӕмӕ Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ ’рбахастой.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ