Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 30:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Езекиа левиттӕн се ’ппӕтӕн дӕр арфӕтӕ ракодта, Дунедарӕгӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ кӕй лӕггад кодтой, уый тыххӕй. Уыдон къуырийы дӕргъы кусӕртты дзидзайӕ хордтой, фидыды нывӕндтӕ хастой ӕмӕ кад кодтой Дунедарӕгӕн, сӕ фыдӕлты Хуыцауӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 30:22
23 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Гъемӕ ма тӕрсут. Ӕз уын уӕхи дӕр ӕмӕ уӕ сабиты дӕр дардзынӕн». Уыцы рӕвдауӕн ныхӕстӕй Йосеф ӕрсабыр кодта йе ’фсымӕрты.


Израилы адӕмӕн бирӕ рӕстӕджы дӕргъы нӕдӕр ӕцӕг Хуыцау уыди, нӕдӕр сауджын-зондамонӕг, нӕдӕр Ӕгъдау.


Уыдон семӕ ахастой Дунедарӕджы Ӕгъдауы чиныг, ӕппӕт иудейаг сахартыл ӕрзылдысты ӕмӕ адӕмы ахуыр кодтой.


Адӕмы сӕргъы сӕвӕрдта ӕфсады хицӕутты, ӕрӕмбырд сӕ кодта фӕзы, сахары кулдуары раз, ӕмӕ сын ныфсытӕ ӕвӕрдта:


Ӕмӕ загъта левиттӕн, Дунедарӕгӕн йӕхи чи снывонд кодта, уыдонӕн, ӕгас Израилы зондамонджытӕн: «Фидыды Чырын сӕвӕрут, паддзах Давиды фырт Соломон кӕй сарӕзта, уыцы Кувӕндоны. Нал уын ӕй хъӕуы уӕхсчытыл хӕссын. Нырӕй фӕстӕмӕ лӕггад кӕнут Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, ӕмӕ Йӕ адӕм Израилӕн.


Уый тыххӕй хатыр ракурут Дунедарӕгӕй, уӕ фыдӕлты Хуыцауӕй, ӕмӕ йын сӕххӕст кӕнут Йӕ фӕндон: ахицӕн ут дунейы иннӕ адӕмтӕй ӕмӕ уе ’ндӕрмыггаг устытӕй».


Уымӕн ӕмӕ Езра йӕхи снывонд кодта Дунедарӕджы Ӕгъдау базонын ӕмӕ ӕххӕст кӕнынӕн, Израилы дӕр уыцы Ӕгъдау фидар кӕнын ӕмӕ рӕстдзинад амонынӕн.


Ды та, Езра, хайджын кӕмӕй дӕ, дӕ Хуыцауы уыцы ӕнӕкӕрон зондмӕ гӕсгӕ хицӕуттӕ ӕмӕ тӕрхонгӕнджытӕ равзар, Евфраты фале цы фӕрсбӕстӕ ис, уымӕн йӕ цӕрджытӕй, дӕ Хуыцауы Ӕгъдау чи зоны, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр тӕрхон куыд хӕссой, афтӕ; чи йӕ нӕ зоны, уыдонӕн та йӕ бацамонут.


Нӕ Хуыцауы хорзӕх нӕ уыди, ӕмӕ нӕм ӕрбакодтой иу ӕмбаргӕ израиладжы — Махлийы байзӕддӕгтӕй, левиттӕй, йӕ ном — Шеревиа, йӕ фырттӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ, ӕдӕппӕтӕй ӕстдӕс адӕймаджы;


Алы бон дӕр, фыццаг бонӕй фӕстаг бонмӕ, Хуыцауы дины чиныг кастысты. Сӕ бӕрӕгбон ахаста авд боны. Ӕстӕм бон та сын, ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, нысангонд уыди кадджын ӕмбырд.


Уыцы иу ран лӕугӕйӕ, боны цыппӕрӕм хайы дӕргъы Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, Ӕгъдауы чиныг кастысты, боны иннӕ цыппӕрӕм хайы та ӕргом кодтой сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ-иу бакуывтой Дунедарӕгӕн, сӕ Хуыцауӕн.


Байхъусут мӕм, уымӕн ӕмӕ мӕ ныхас асхджиаг у, рӕстдзинад хъуысы мӕ дзыхӕй,


Уымӕ гӕсгӕ йӕ Ӕз ныр Мӕхӕдӕг ӕдзӕрӕг быдырмӕ ахондзынӕн, фӕлмӕн ныхас кӕндзынӕн йемӕ.


Мыггагмӕйы цард та уый у, цӕмӕй Дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ Де ’рвыст Йесо Чырыстийы зоной.


Уымӕн ӕмӕ афтӕ Чи загъта: «Талынгӕй сӕрттивӕд рухс», уыцы Хуыцау нӕ зӕрдӕты ссыгъта рухс, ӕмӕ мах базыдтам Хуыцауы намыс — уый ӕнхъӕвзы Йесо Чырыстийӕ.


Уыдон амонынц Де ’гъдӕуттӕ Йаковӕн, Дӕ фӕдзӕхстытыл ахуыр кӕнынц Израилы; буд судзынц Дӕ разы, иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕвӕрынц Дӕ нывондхӕссӕныл.


Уый нӕ, фӕлӕ, тӕккӕ зынаргъдӕр цы у, уый сӕраппонд — Йесо Чырыстийы базоныны сӕраппонд — ӕз ӕппӕт дӕр нымайын ницӕуыл. Чырыстийы тыххӕй ӕнӕхай фӕдӕн алцӕмӕй дӕр, ӕппӕт дӕр нымайын быроныл, цӕмӕй мӕ иунӕг хӕзна уа Чырысти,


хъусын кӕн Хуыцауы дзырд, амон ӕй, фадат дын куы уа, уӕд дӕр ӕмӕ дын куынӕ уа, уӕд дӕр. Цӕстмӕ дар, уайдзӕф кӕн, рӕвдау — амон фӕразонӕй.


Йешуа загъта Аханӕн: — Мӕ фырт, скад кӕн Дунедарӕгӕн, Израилы Хуыцауӕн, сыстау Ӕй! Радзур мын, цы бакодтай, уый, мацы мӕ басусӕг кӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ