Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 30:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Къуырийы дӕргъы Израилы адӕм, Йерусалимы чи ӕрӕмбырд ис, уыдон, тынг хъӕлдзӕгӕй ӕрвыстой Донгонд дзулты бӕрӕгбон. Левиттӕ ӕмӕ сауджынтӕ Дунедарӕгӕн алы бон дӕр кады зарджытӕ кодтой, Дунедарӕджы стауынӕн цы зӕлуадзӕнтӕ сарӕзтӕуыд, уыдонӕй цӕгъдгӕйӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 30:21
22 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

авд боны дӕргъы хӕрут ӕрмӕстдӕр донгонд дзултӕ ӕмӕ-иу ӕвдӕм бон сбӕрӕг кӕнут Дунедарӕджы бӕрӕгбон.


Авд боны дӕргъы хъуамӕ хӕрат донгонд дзултӕ. Фыццаг бонӕй фӕстӕмӕ уӕ хӕдзӕртты ӕнхъизӕн куыннӕ уа, афтӕ бакӕнут. Уыцы авд боны дӕргъы ӕнхъизӕнджын дзулӕй чи фӕхъӕстӕ уа, уый Израилы адӕмӕй фӕхъӕудзӕн.


Иудадзыг цин кӕнут, уымӕн ӕмӕ сымах Бардарӕг Йесоимӕ иу стут; ӕмӕ ма уын ноджыдӕр зӕгъын — цин кӕнут.


Алы бон дӕр-иу ӕмзӕрдӕйӕ ӕрӕмбырд сты Кувӕндоны; сыгъдӕгзӕрдӕйӕ, цинимӕ уыди сӕ хӕрд куы иу хӕдзары, куы иннӕйы.


Ӕрхӕццӕ ис Донгонд дзулты бӕрӕгбон, куадзӕйнаг уӕрыкк ӕргӕвдыны бон.


Ӕрӕвахс ис Донгонд дзулты бӕрӕгбон, Куадзӕн кӕй хонынц, уый.


Ноджы ма сын загъта: «Цӕут ӕмӕ сойагӕй дӕр ӕмӕ адджинагӕй дӕр уӕхи хорз фенут. Цӕттӕ кӕмӕ ницы ис, уыдонӕн та хӕйттӕ арвитут: абон нӕ Дунедарӕджы бӕрӕгбон у, ӕмӕ ӕнкъард кӕнын нӕ хъӕуы — Дунедарӕгыл куы цин кӕнат, уӕд уӕ хъаруйыл бафтдзӕни».


Израилы паддзах Давиды фырты, Соломоны, заманӕй Йерусалимы ахӕм хъӕлдзӕг бӕрӕгбон никуыуал уыди.


Иосафат адӕмимӕ бауынаффӕ кодта ӕмӕ зарӕггӕнджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй ӕфсады разӕй цӕуой ӕмӕ Дунедарӕджы кадӕн зарой, стауой Йын Йӕ уаз стырад: «Кад кӕнут Дунедарӕгӕн, уымӕн ӕмӕ Йӕ хорзӕх мыггагмӕ нӕ сӕфы!»


Ӕвдӕм мӕйы дыууын ӕртыккӕгӕм бон паддзах Соломон адӕмы сӕ хӕдзӕрттӕм ауагъта. Уыдон цин кодтой, сӕ зӕрдӕтӕ фыр цинӕй радысты, Дунедарӕг Давидӕн, Соломонӕн ӕмӕ Йӕ адӕм Израилӕн уый бӕрц хӕрзтӕ кӕй ракодта, уый тыххӕй.


Уӕ бӕрӕгбон хъӕлдзӕгӕй ӕрвитут: ды, дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ чызджытӕ, дӕ цагъартӕ нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, дӕ сахары цӕрджытӕ: левиттӕ ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ, сидзӕрӕй ӕмӕ идӕдзӕй дзы чидӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр.


Ӕмӕ-иу цин кӕнӕнт уемӕ Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ, уӕ цагъартӕ сылгоймагӕй, нӕлгоймагӕй ӕмӕ, уе ’хсӕн зӕххӕй дӕр ӕмӕ исбонӕй дӕр хай кӕмӕн нӕй, уыцы левиттӕ.


Минас кӕнут уым Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, ӕмӕ цин кӕнут уӕ бинонтимӕ, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн цы къухты фӕллой ратта, ууыл.


Уыцы мӕйы фынддӕсӕм бон та райдайы Донгонд дзулты бӕрӕгбон, Дунедарӕджы кадӕн. Авд боны дӕргъы хӕрут донгонд дзултӕ.


Фӕлӕ уӕддӕр Асир, Менассиа ӕмӕ Зевулоны хӕдзарвӕндӕгтӕй чидӕртӕ ӕрныллӕг кодтой сӕхи ӕмӕ ӕрбацыдысты Йерусалиммӕ.


Израилы дзыллӕ Куадзӕны бӕрӕгбоны хӕдфӕстӕ авд боны дӕргъы бӕрӕг кодтой Донгонд дзулты бӕрӕгбон.


Уацарӕй ӕрбаздӕхӕг адӕмы дзырддзӕугӕтӕ халагъудтӕ сарӕзтой ӕмӕ халагъудты цардысты. Сӕ цинӕн кӕрон нал уыди, уымӕн ӕмӕ Нуны фырт Йешуайы бонтӕй уыцы боны онг израилӕгтӕ афтӕ никуыуал бакодтой.


Паддзах Езекиа ӕмӕ йӕ барджынтӕ левиттӕн загътой, цӕмӕй Дунедарӕджы стауой Давид ӕмӕ зонынджын Асафы ныхӕстӕй. Ӕмӕ уыдон дӕр хъӕлдзӕгӕй ныззарыдысты Дунедарӕджы кадӕн, бакуывтой Йын ӕмӕ зӕххыл ныддӕлгом сты.


Бӕрӕгбоны фӕстӕ сӕхимӕ куы раздӕхтысты, уӕд ӕнахъом Йесо баззади Йерусалимы, Йӕ ныййарджытӕ йӕ нӕ зыдтой, афтӕмӕй.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ