2 Паддзах, йӕ барджынтӕ ӕмӕ Йерусалимы дзыллӕйы ӕппӕт минӕвӕрттӕ бауынаффӕ кодтой Куадзӕны бӕрӕгбон дыккаг мӕйы саразын.
Афтӕ уый тыххӕй бакодта, ӕмӕ израилаг ӕмӕ иудейаг паддзӕхты рӕстӕджыты Израилы адӕмӕн чи тӕрхон кодта, уыцы тӕрхоны лӕгты заманӕй фӕстӕмӕ Куадзӕн бӕрӕггонд никуыуал ӕрцыд.
Соломон ӕгас Израилмӕ фӕсидти: миныхицӕуттӕ ӕмӕ сӕдӕйыхицӕуттӕм, тӕрхонгӕнджытӕ ӕмӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕм.
Езекиа фӕсидти ӕгас Израил ӕмӕ Иудейы цӕрджытӕм. Ефрем ӕмӕ Менассиайы мыггӕгтӕм дӕр фыстӕджытӕ арвыста, фӕхуыдта сӕ Йерусалиммӕ, Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ — Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, Куадзӕнмӕ.
Дыккаг мӕй Йерусалимы Донгонд дзулты бӕрӕгбонмӕ ӕрӕмбырд ис тынг бирӕ адӕм.
Уый фӕстӕ, дыккаг мӕйы цыппӕрдӕсӕм бон, аргӕвстой Куадзӕны уӕрыччы. Сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ сӕхиуыл ӕрхудтысты, ссыгъдӕг кодтой сӕхи ӕмӕ Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ ’рбахастой.
Иосиа Йерусалимы Дунедарӕгӕн сарӕзта Куадзӕны бӕрӕгбон, ӕмӕ фыццаг мӕйы цыппӕрдӕсӕм бон ӕрхастой Куадзӕны нывонд.
Ӕнӕ зондамындӕй адӕм фесӕфынц, фӕлӕ, уынаффӕгӕнджытӕ бирӕ кӕм уа, уым сӕ уӕлахиз — цӕттӕ.
Уынаффӕгӕнӕг куынӕ уа, уӕд хъуыддаг нӕ сырӕздзӕн, уынаффӕгӕнджытӕ бирӕ куы уой, уӕд алцыдӕр къухы бафтдзӕнис.
Мӕгуыр ӕмӕ зондджын лӕппу, уынаффӕтӕм чи нӕ хъусы, ахӕм ӕдылы ӕмӕ зӕронд паддзахӕй хуыздӕр у.