Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 30:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Бӕрӕгбонмӕ ’рцӕуӕг адӕмӕй сыгъдӕггонд чи нӕма уыд, уыдон тынг бирӕ уыдысты, ӕмӕ левиттӕн бабар кодтой, ӕнӕсыгъдӕг чи уыд ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ бон Дунедарӕгӕн уӕрыкк снывонд кӕнын кӕмӕн нӕ уыди, уыдонӕй алкӕй тыххӕй дӕр аргӕвдын Куадзӕны уӕрыччытӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 30:17
6 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Сауджынты нымӕц ӕгӕр гыццыл уыди, цӕмӕй иууылсудзинаг нывӕндты цӕрмттӕ иууылдӕр бастигъой, ӕмӕ сын левиттӕ ӕххуыс кодтой, цалынмӕ куыст кӕронмӕ нӕ фӕци ӕмӕ иннӕ сауджынтӕ дӕр сӕхи не ссыгъдӕг кодтой, уӕдмӕ. Уымӕн ӕмӕ левиттӕ, сауджынтӕй уӕлдай, фылдӕр бацархайдтой сӕхи ссыгъдӕг кӕныныл.


Банхъӕлмӕ-иу кӕсут мӕйы цыппӕрдӕсӕм бонмӕ ӕмӕ-иу ӕй изӕрдалынгты аргӕвдут: Израилы дзыллӕйӕ алкӕмӕн дӕр афтӕ гӕнгӕ у.


Мӕ Кувӕндоны кусдзысты дуаргӕстӕй ӕмӕ лӕггадгӕнджытӕй. Адӕмӕн ӕргӕвддзысты сӕ иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ иннӕ нывондӕгтӕ, лӕудзысты сӕ цуры ӕмӕ сын лӕггад кӕндзысты.


ӕмӕ загътой: «Мах марды буарыл андзӕвыдыстӕм ӕмӕ сыгъдӕг не стӕм. Ау, иннӕ израилӕгтимӕ нын йӕ афоныл Дунедарӕгӕн нывонд ӕрхӕссыны бар нӕй?»


Ӕрхӕстӕг иудейаг Куадзӕн, ӕмӕ бӕстӕйы алы рӕттӕй бирӕтӕ Куадзӕны размӕ ӕрцыдысты Йерусалиммӕ — сӕхи ссыгъдӕг кӕнынмӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ