13 Дыккаг мӕй Йерусалимы Донгонд дзулты бӕрӕгбонмӕ ӕрӕмбырд ис тынг бирӕ адӕм.
Афтӕ уый тыххӕй бакодта, ӕмӕ израилаг ӕмӕ иудейаг паддзӕхты рӕстӕджыты Израилы адӕмӕн чи тӕрхон кодта, уыцы тӕрхоны лӕгты заманӕй фӕстӕмӕ Куадзӕн бӕрӕггонд никуыуал ӕрцыд.
Йерусалимы ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕн цы нывондхӕссӕнтӕ уыди, уыдон иууылдӕр, стӕй будсудзӕн нывондхӕссӕнтӕ ныппырх кодтой ӕмӕ сӕ Кедроны тӕрфмӕ ныппӕрстой.
Уый фӕстӕ, дыккаг мӕйы цыппӕрдӕсӕм бон, аргӕвстой Куадзӕны уӕрыччы. Сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ сӕхиуыл ӕрхудтысты, ссыгъдӕг кодтой сӕхи ӕмӕ Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ ’рбахастой.
Паддзах, йӕ барджынтӕ ӕмӕ Йерусалимы дзыллӕйы ӕппӕт минӕвӕрттӕ бауынаффӕ кодтой Куадзӕны бӕрӕгбон дыккаг мӕйы саразын.
Иосиа Йерусалимы Дунедарӕгӕн сарӕзта Куадзӕны бӕрӕгбон, ӕмӕ фыццаг мӕйы цыппӕрдӕсӕм бон ӕрхастой Куадзӕны нывонд.
Ау, нал нӕ раздахдзынӕ цардмӕ, цӕмӕй Дӕ адӕм цин кӕной, Ды семӕ кӕй дӕ, ууыл?
«Фехъусын кӕн израилӕгтӕн: уӕхицӕй кӕнӕ уӕ байзӕддагӕй исчи, марды буармӕ февналгӕйӕ, куы фӕчъизи уа кӕнӕ дард фӕндагыл куы уа, уӕддӕр хъуамӕ Дунедарӕджы Куадзӕн скӕна.