11 Фӕлӕ уӕддӕр Асир, Менассиа ӕмӕ Зевулоны хӕдзарвӕндӕгтӕй чидӕртӕ ӕрныллӕг кодтой сӕхи ӕмӕ ӕрбацыдысты Йерусалиммӕ.
Йерусалимы ӕрцӕрӕг адӕм уыдысты Иудӕйы, Бениамины, Ефремы ӕмӕ Менассиайы байзӕддӕгтӕй.
Сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕй уӕлдай Израилы хӕдзарвӕндӕгты ’хсӕн Дунедарӕгӕн, Израилы Хуыцауӕн, зӕрдиагӕй лӕггад кӕнын чи сфӕнд кодта, уыдон дӕр Йерусалиммӕ цыдысты ӕмӕ уым Дунедарӕгӕн, сӕ фыдӕлты Хуыцауӕн, хастой нывӕндтӕ.
Роховам йӕ азымыл куы басаст, уӕд дзы Дунедарӕг аздӕхта Йӕ маст ӕмӕ йӕ нал бабын кодта. Стӕй Иудейы хорзӕй дӕр исты уыди.
Адӕмӕй бирӕтӕ, фылдӕр та Ефрем, Менассиа, Иссахар ӕмӕ Зевулоны хӕдзарвӕндӕгтӕй, сӕхи не ссыгъдӕг кодтой, фӕлӕ уӕддӕр хордтой Куадзӕны фынгӕй, кӕд Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ афтӕ не ’мбӕлдис, уӕддӕр.
Къуырийы дӕргъы Израилы адӕм, Йерусалимы чи ӕрӕмбырд ис, уыдон, тынг хъӕлдзӕгӕй ӕрвыстой Донгонд дзулты бӕрӕгбон. Левиттӕ ӕмӕ сауджынтӕ Дунедарӕгӕн алы бон дӕр кады зарджытӕ кодтой, Дунедарӕджы стауынӕн цы зӕлуадзӕнтӕ сарӕзтӕуыд, уыдонӕй цӕгъдгӕйӕ.
Чи ӕрӕмбырд ис, уыцы адӕм иууылдӕр цин кодтой: иудейӕгтӕ, сауджынтӕ, левиттӕ ӕмӕ израилӕгтӕ, стӕй Израил ӕмӕ Иудейы ӕрцӕуӕггагӕй чи царди, уыдон.
Менассиа уынгӕг ранмӕ куы бахауд, уӕд Дунедарӕгӕн, йӕ Хуыцауӕн, лӕгъстӕ кӕнын байдыдта, йӕ фыдӕлты Хуыцауы раз тынг ӕрфӕсмон кодта.
«Хозайы чиныджы» фыст ӕрцыдысты Менассиайы куывд, Хуыцау ӕм Йӕ хъус куыд ӕрдардта, уый, йе ’рфӕсмоны размӕ йӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ йӕ фыдракӕндтӕ иууылдӕр, стӕй кувӕн къуыбыртӕ, Ашерӕйы цӕджындзтӕ ӕмӕ гуымирытӕ кӕмыты скодта, уыдӕттӕ.
Йӕ фыд Менассиайы хуызӕн, Амон не ’рфӕсмон кодта Дунедарӕджы раз, фӕлӕ ма йӕ тӕригъӕдтӕ ноджы фӕфылдӕр сты.
Ӕмӕ ды, ацы сахар ӕмӕ йӕ цӕрджытӕн цы бакӕнынмӕ хъавын, уый куы фехъуыстай, уӕд Дунедарӕджы раз кӕй ӕрфӕсмон кодтай, дӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм кӕй арӕдывтай ӕмӕ Мӕ разы дӕ цӕссыг кӕй калдтай, уый тыххӕй дӕ Ӕз дӕр фехъуыстон, — зӕгъы Дунедарӕг. —
Моисей ӕмӕ Аарон бацыдысты фараонмӕ ӕмӕ йын загътой: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, дзуттӕгты Хуыцау: „Бирӕ ма Мын нӕ уисӕн кӕндзынӕ? Ауадз Мын Мӕ адӕмы, ӕмӕ Мӕм бакувой.
Ӕмӕ ды, йӕ фырт Балтасар, зыдтай уыдӕттӕ, фӕлӕ уӕддӕр Йӕ разы сӕрныллӕгӕй не ’рлӕууыдтӕ.
Ӕз дӕр сӕ ныхмӕ уый тыххӕй рацыдтӕн, се знӕгты зӕхмӕ сӕ фӕсырдтон. Се ’нӕсунӕтгонд зӕрдӕтӕ куы басӕттой, уӕд уымӕй бафиддзысты сӕ азым,
Уымӕн ӕмӕ, йӕхи бӕрзонд бынаты чи ӕвӕры, уый ӕрныллӕг уыдзӕн, йӕхи ныллӕг чи кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн».
Зӕгъын уын, йӕ хӕдзармӕ хъалонисӕг Хуыцауӕй хатыргондӕй ацыд, фарисей та — нӕ. Уымӕн ӕмӕ, йӕхи бӕрзонд чи кӕны, уый ӕрныллӕг уыдзӕн, йӕхи чи ныллӕг кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн».
Фӕлӕ дзы иуӕй-иутӕ баиу сты Павелимӕ ӕмӕ баууӕндыдысты; уыдонимӕ уыдысты Ареопагы уӕнг Дионисий, стӕй, Дамар чи хуынди, уыцы сылгоймаг ӕмӕ иннӕтӕ.
Бардарӕджы раз ӕрныллӕг кӕнут уӕхи ӕмӕ уӕ сбӕрзонд кӕндзӕн.
Уӕдӕ уӕхи ӕрныллӕг кӕнут хъомысджын Хуыцауы раз, ӕмӕ, афон куы ралӕууа, уӕд уӕ сбӕрзонд кӕндзӕн.