Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 30:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Фидиуджытӕ цыдысты иу сахарӕй иннӕмӕ, Ефрем ӕмӕ Менассиайы зӕххытыл ӕрзылдысты, суанг Зевулоны арӕнтӕм дӕр бахӕццӕ сты, фӕлӕ сыл адӕм худӕгӕй сӕхи хастой, хынджылӕг сӕ кодтой.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 30:10
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Лот ацыд ӕмӕ хабар фехъусын кодта йӕ чызджыты курджытӕн: «Ӕвӕстиатӕй ардыгӕй уӕхи айсут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг рӕхджы фесафдзӕн ацы сахар». Фӕлӕ уыдонмӕ Лоты ныхас худӕгау фӕкасти.


Паддзах ӕмӕ йӕ барджынты номӕй фидиуджытӕ ӕгас Израил ӕмӕ Иудейыл фыстӕджытимӕ ӕрзылдысты ӕмӕ паддзахы бардзырд хъусын кодтой: «Израилы адӕм! Уе ’ргом раздахут Дунедарӕгмӕ, Авраам, Исаак ӕмӕ Израилы Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕд Уый дӕр Йе ’ргом раздахдзӕни сымахмӕ, Ассирийы паддзӕхтӕй ма уӕ чи аирвӕзти, уыдонмӕ.


Уыдон бацыдысты алчер Хилкиамӕ ӕмӕ йын радтой, адӕм Хуыцауы хӕдзармӕ цы ӕвзист ӕрбахастой, уый. Кувӕндоны къӕсӕрыл цы хъахъхъӕнӕг-левиттӕ лӕууыд, уыдон сӕ ӕрӕмбырд кодтой Менассиа ӕмӕ Ефремы байзӕддӕгтӕй, стӕй, израилӕгтӕй ма сӕрӕгасӕй чи баззади, уыдонӕй, ноджы ма Иудӕ ӕмӕ Бениамины ӕппӕт фӕдонтӕ ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕй.


Фӕлӕ Йын уыдон хынджылӕг кодтой Йӕ минӕвӕрттӕй, ӕлгъ кодтой Йӕ ныхӕстыл ӕмӕ Йын Йӕ пехуымпартыл худтысты, цалынмӕ сӕм Дунедарӕджы маст рафыхти, уӕдмӕ, ӕмӕ сын уӕд фервӕзыны хос нал уыди.


Уыдӕттӕ фехъусгӕйӕ ныл хоронаг Санбаллат ӕмӕ Тобиа, аммонаг бӕрнон, стӕй араббаг Гешем былысчъилӕй худтысты: «Цы митӕ кӕнут, цымӕ? Мыййаг уӕм паддзахы ныхмӕ сызмӕнтыны зонд нӕ фӕзынди?»


Фӕдисӕттӕ паддзахады алы кӕрӕттӕм тӕргӕбӕхӕй фӕхӕццӕ кодтой паддзахы уынаффӕ — дыууадӕсӕм мӕйы, ома адары, ӕртындӕсӕм бон дзуттӕгты иууылдӕр ӕмбойны — зӕрондӕй, ӕрыгонӕй, ӕд сабитӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ — ныццӕгъдут, ныммарут, мыггагыскъуыд фӕкӕнут, сӕ исбон та сын хӕлӕттаг фӕкӕнут, зӕгъгӕ.


Фӕдисӕттӕ ӕвӕстиатӕй ацыдысты паддзахы бардзырд сӕххӕст кӕнынмӕ. Уыцы уынаффӕ фехъусын чындӕуыд Шушаны фидары. Паддзах ӕмӕ Аман куывды ӕрбадтысты, Шушаны сахар та схъомпал ис.


Паддзах Ксерксы номӕй фыст ӕмӕ йӕ къухдарӕнӕй фидаргонд уынаффӕйы халдихтӕ паддзахы дугъон бӕхтыл бынатмӕ фӕхӕццӕ кодтой фидиуджытӕ.


Паддзахы фӕндонмӕ гӕсгӕ фидиуджытӕ паддзахы дугъон бӕхтыл ӕвӕстиатӕй фӕцагайдтой. Уынаффӕ хъуыстгонд ӕрцыди Шушаны дӕр.


Мӕ хӕлӕрттӕ мыл сӕхи худӕгӕй хӕссынц, Хуыцау, дам ын мӕнӕ цы дзуапп радта — ӕнӕкъӕм рӕстуд сын хъазӕнхъул сси!


Фӕдисонау згъорынц мӕ бонтӕ, уайынц, фӕлӕ сӕм хорзӕй ницы зыны.


Паддзах Цедекиа Йеремиайӕн дзуапп радта: «Ӕз тӕрсын, халдейӕгты ’рдӕм чи балыгъди, уыцы иудейӕгтӕй. Халдейӕгтӕ мӕ сӕ къухтӕм куы радтой, уӕд мӕ хынджылӕггаг скӕндзысты».


Ӕппӕт уыдӕттӕ хъуыстой ӕхцауарзаг фарисейтӕ ӕмӕ Йыл худтысты.


Адӕм лӕууыдысты ӕмӕ кастысты, сӕ хицӕуттӕ та Йыл худтысты: «Иннӕты ирвӕзын кодта, ныр Йӕхи фервӕзын кӕнӕд, кӕд Хуыцауы ӕвзӕрст Чырысти у, уӕд».


Уыдон Ыл худтысты, уымӕн ӕмӕ зыдтой, саби кӕй амарди, уый.


Мӕрдты райгасы тыххӕй куы фехъуыстой, уӕд иутӕ райдыдтой худын, иннӕтӕ та дзырдтой: «Уый тыххӕй дӕм ӕндӕр хатт байхъусдзыстӕм».


Аннӕтӕй та кодтой хынджылӕг ӕмӕ сӕ надтой ехсӕй, бастой сӕ рӕхыстӕй ӕмӕ сӕ ахӕстӕтты ӕппӕрстой.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ