Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 30:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Езекиа фӕсидти ӕгас Израил ӕмӕ Иудейы цӕрджытӕм. Ефрем ӕмӕ Менассиайы мыггӕгтӕм дӕр фыстӕджытӕ арвыста, фӕхуыдта сӕ Йерусалиммӕ, Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ — Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, Куадзӕнмӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 30:1
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Афтӕ уый тыххӕй бакодта, ӕмӕ израилаг ӕмӕ иудейаг паддзӕхты рӕстӕджыты Израилы адӕмӕн чи тӕрхон кодта, уыцы тӕрхоны лӕгты заманӕй фӕстӕмӕ Куадзӕн бӕрӕггонд никуыуал ӕрцыд.


Израилы зӕххыл сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕй чидӕриддӕр уыди, уыдон алы рӕттӕй Роховаммӕ ӕрӕмбырд сты.


Сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕй уӕлдай Израилы хӕдзарвӕндӕгты ’хсӕн Дунедарӕгӕн, Израилы Хуыцауӕн, зӕрдиагӕй лӕггад кӕнын чи сфӕнд кодта, уыдон дӕр Йерусалиммӕ цыдысты ӕмӕ уым Дунедарӕгӕн, сӕ фыдӕлты Хуыцауӕн, хастой нывӕндтӕ.


Фӕлӕ йӕм Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг ӕрбацыд ӕмӕ йын загъта: «Паддзах! Израилы ӕфсад демӕ хӕстмӕ ма ацӕуӕд, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг израилӕгтӕн, Ефремы байзӕддӕгтӕн, ӕххуыс нӕ кӕндзӕн.


Сауджынтӕ сӕ аргӕвстой ӕмӕ сын сӕ тугӕй нывондхӕссӕныл бапырх кодтой, цӕмӕй барст ӕрцӕуа ӕгас Израилы тӕригъӕд. Уымӕн ӕмӕ паддзах ӕгас Израилы тыххӕй бафӕдзӕхста иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ тӕригъӕды нывӕндтӕ ӕрхӕссын.


Езекиа ӕмӕ ӕгас дзыллӕ цин кодтой, Хуыцау сӕ кӕй фӕфидар кодта, ууыл, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ конд ӕрцыдысты тынг цыбыр рӕстӕгмӕ.


Паддзах, йӕ барджынтӕ ӕмӕ Йерусалимы дзыллӕйы ӕппӕт минӕвӕрттӕ бауынаффӕ кодтой Куадзӕны бӕрӕгбон дыккаг мӕйы саразын.


Уӕхи ссыгъдӕг кӕнут ӕмӕ уе ’рвадӕлтӕн Куадзӕны уӕрыкк аргӕвдут, Дунедарӕг Моисейы уылты куыд бафӕдзӕхста, афтӕ».


Навуходоносор Йерусалимӕй Вавилонмӕ уацары кӕй акодта, уыцы адӕмы ’хсӕн ма цы хистӕртӕ баззад, уыдонмӕ, стӕй сауджынтӕ, пехуымпартӕ ӕмӕ ӕппӕт адӕммӕ Йеремиа Йерусалимӕй арвыста мӕнӕ ацы фыстӕг.


Куыд дӕ ныууадзон, Ефрем? Гадзрахатӕй дыл куыд рацӕуон, Израил? Адмӕйӕн ци ми бакодтон, ахӕм ми уын куыд бакӕнон? Цевоимӕн цытӕ бакодтон, уыдӕттӕ уын куыд бавзарын кӕнон? Мӕ зӕрдӕ фӕйнӕрдӕм тоны, тынг уын тӕригъӕд кӕнын.


Се ’лгъаг митӕй сӕ не ’вдӕлы Хуыцаумӕ, уымӕн ӕмӕ хъахбайдзинад сӕ туджы ахызти, Дунедарӕджы нӕ базыдтой.


Йосефы байзӕддӕгтӕ фӕдих сты дыууӕ хӕдзарвӕндагыл: Менассиайы ӕмӕ Ефремы хӕдзарвӕндӕгтыл. (Левийы байзӕддӕгтӕн бӕстӕйӕ хай нӕ радтой, ӕрмӕст сын цӕрынӕн радтой сахартӕ, стӕй сахаргӕрӕтты сӕрвӕттӕ се стуртӕ ӕмӕ сӕ лыстӕг фос хизынӕн.)


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ