17 Цӕджындзтӕ сӕвӕрдта Кувӕндоны раз: сӕ иу — рахизӕрдыгӕй, иннӕ та — галиуӕрдыгӕй. Ӕмӕ рахиз цӕджындзӕн Соломон радта ном Йахин, галиуӕн та — Боаз.
Симеоны фырттӕ: Йемуел, Йамин, Охад, Йахин, Цохар, Саул — йӕ ханаанаг усы лӕппу.
Хурам дыууӕ цӕджындзы ныссагъта Кувӕндонмӕ бацӕуӕны цур, ӕмӕ рахиз цӕджындз схуыдта Йахин, галиу цӕджындз та — Боаз.
Ноджы сарӕзта, Кувӕндоны агъуысты цы рӕхыстӕ уыди, уыдоны халдихтӕ ӕмӕ сӕ ӕфтуантыл бафидар кодта. Скодта ма гранат фӕткъуыйы нывӕфтыдтӕ ӕмӕ сӕ ныффидар кодта рӕхыстыл.
Тыргъӕн йӕ уӕрх — ссӕдз ӕлмӕрины, йӕ дӕргъ та — дыууадӕс ӕлмӕрины. Цыди йӕм дӕс къӕпхӕны. Кулдуары фӕйнӕфарс къултӕн сӕ разы лӕууыди фӕйнӕ цӕджындзы.