9 Ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕ карды амӕттаг баисты, нӕ фырттӕ, нӕ чызджытӕ ӕмӕ нӕ устыты та нын акодтой уацары.
Уымӕн ӕмӕ едомӕгтӕ ногӕй ӕрбабырстой Иудеймӕ, ныддӕрӕн сӕ кодтой ӕмӕ дзы уацары дӕр райстой.
Нӕ фыдӕлтӕ тӕригъӕдтӕ фӕкодтой, ныр уыдон нал сты, фӕлӕ сӕ фидӕм мах!
Мӕ азары хай уӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ уыл уе знӕгтӕ фӕуӕлахиз уыдзысты; ӕлдариуӕг уын кӕндзысты, ӕмӕ уӕ сургӕ ничи кӕндзӕн, афтӕмӕй лидздзыстут.