Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 28:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Уым царди Дунедарӕджы пехуымпар Одед. Израилы ӕфсад Самаримӕ куы фӕцӕйцыди, уӕд Одед сӕ размӕ рацыд ӕмӕ сын загъта: «Дунедарӕг, уӕ фыдӕлты Хуыцау, иудейӕгтӕм смӕсты ис ӕмӕ уын сӕ уӕ къухтӕм радта. Фӕлӕ сӕ сымах ахӕм ӕнауӕрдонӕй фӕцагътат, ӕмӕ уӕ маст уӕларвмӕ дӕр схӕццӕ ис.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 28:9
22 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Загътой: «Цӕй ӕмӕ ном скӕнӕм нӕхицӕн — саразӕм сахар, уӕлӕрвтӕм чи ӕххӕсса, ахӕм мӕсыгимӕ, цӕмӕй ӕгас зӕххы цъарыл ма ныххӕлиу уӕм».


Дунедарӕг та бафарста: «Уый цы бакуыстай? Де ’фсымӕры туг дыл зӕххӕй ӕвдисӕн кӕны.


Уӕд иу пехуымпар бацыд Израилы паддзах Ахавмӕ ӕмӕ йын загъта: «Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: уыныс уыцы ӕнӕнымӕц бардз? Тӕккӕ абон дын ӕй дӕ къухтӕм дӕттын, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ базондзынӕ, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый».


Уӕд та пехуымпар Израилы паддзахмӕ бацыд ӕмӕ йын загъта: «Ӕрбамбырд кӕн дӕ тыхтӕ ӕмӕ ахъуыды кӕн, дарддӕр дын цы кӕнгӕ у, ууыл, уымӕн ӕмӕ та афӕдзы фӕстӕ Сирийы паддзахы ногӕй ардӕм хъӕуы».


Пехуымпар ын загъта: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Ӕз ӕлгъыстаг кӕй фӕкодтон, уыцы адӕймаджы ауагътай, ӕмӕ йӕ бӕсты амӕлдзынӕ, дӕ адӕм дӕр амӕлдзысты йӕ бӕсты».


Давид Гадӕн зӕгъы: «Тынг уӕззау уавӕры дӕн, фӕлӕ, адӕмы къухмӕ бахауыны фӕлтау, уадз ӕмӕ Дунедарӕджы къухмӕ бахауон, — Уый бирӕбараг у».


Ӕмӕ йӕ Дунедарӕг, йӕ Хуыцау, сириӕгты паддзахы къухтӕм радта. Уыдон ӕй ныддӕрӕн кодтой, йӕ адӕмӕй йын бирӕты уацары райстой ӕмӕ сӕ акодтой Дамаскмӕ. Уый фӕстӕ Дунедарӕг Ахазы радта Израилы паддзахы къухмӕ, ӕмӕ йын уый уӕззау цӕфтӕ ныккодта.


«О мӕ Хуыцау! Фыр къӕмдзӕстыгӕй Дӕм мӕ цӕсгом равдисын дӕр куынӕуал уӕндын, уымӕн ӕмӕ не ’наккаг митӕ нӕ сӕрӕй фӕуӕлдӕр сты ӕмӕ нӕ азым уӕларвмӕ схӕццӕ ис.


Ӕз смӕсты дӕн Мӕ адӕммӕ, уыдоны, Мӕ исбон, фидиссаг фӕкодтон ӕмӕ дын сӕ афтӕмӕй радтон дӕ къухмӕ. Ды сыл ницӕмӕй бацауӕрстай — зӕрӕдтыл дӕр ма дӕ уӕззау ӕфсондз сӕвӕрдтай.


«Цӕугӕ Ниневимӕ, хъуыстгонд стыр сахармӕ, ӕмӕ уым пехуымпариуӕг кӕн, уымӕн ӕмӕ Мӕм сӕ фыдракӕндты кой сыхъуыст».


ӕнӕмӕт адӕмтӕм Мӕ маст ссыгъд. Раздӕр сӕм уый бӕрц нӕ мӕсты кодтон, фӕлӕ сӕ фыдракӕндтӕ ноджы фылдӕр систы.


Уымӕн ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтӕ схӕццӕ сты уӕларвмӕ, Хуыцауӕй нӕ ферох сты йӕ фыдракӕндтӕ.


Дунедарӕг сӕм смӕсты ис ӕмӕ сӕ Арам-Нахараимы паддзах Кушан-Ришатаимы дӕлбар бакодта.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ