7 Ефремы хӕдзарвӕндагӕй иу богал, Зихри, зӕгъгӕ, амардта паддзахы фырт Маасеайы, стӕй паддзахы галуаны уагдар Азрикамы ӕмӕ паддзахы хӕдивӕг Елканайы.
Бафӕдзӕхста, цӕмӕй йӕ ласой фараоны дыккаг уӕрдоны ӕмӕ йӕ разӕй, хъӕргӕнгӕ, цӕуой: «Ӕрзоныг кӕнут!» Афтӕмӕй фараон Йосефы сӕвӕрдта ӕппӕт Мысыры сӕргъы.
Ӕвзист дыууӕ хатты фылдӕр райсут уемӕ, уымӕн ӕмӕ уын уӕ голджыты цы ӕвзист нывӕрдтой, уый дӕр фӕстӕмӕ хӕсгӕ у. Чи зоны, ӕмӕ сын ӕнӕбары афтӕ рауади.
Ӕфсымӕртӕ ӕрцӕттӕ кодтой хуынтӕ, райстой дыууӕ хатты фылдӕр ӕвзист ӕмӕ семӕ акодтой Бениамины дӕр. Мысырмӕ куы ныццыдысты, уӕд Йосефы раз ӕрлӕууыдысты.
Ремалийы фырт Феках иу бонмӕ иудейӕгтӕй ныццагъта сӕдӕ дыууын мин ӕхсарджын хӕстоны, уымӕн ӕмӕ Иудейы адӕм сӕхи атигъ кодтой Дунедарӕгыл, сӕ фыдӕлты Хуыцауыл.
Израилӕгтӕ уацары се ’фсымӕртӕй уацары райстой сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕтты — ӕдӕппӕтӕй дыууӕсӕдӕ мины. Бирӕ мулк сӕ рассывтой ӕмӕ се ’фтиаг Самаримӕ арвыстой.
Ксерксы фӕстӕ дыккаг лӕг уыди паддзахады иудейаг Мардохей. Тынг ӕй нымадтой ӕмӕ уарзтой йӕ адӕм. Йӕ адӕм ӕвыд ӕмӕ амондджынӕй куыд цӕрой, ууыл архайдта кӕддӕриддӕр.