Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 28:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Ӕмӕ йӕ Дунедарӕг, йӕ Хуыцау, сириӕгты паддзахы къухтӕм радта. Уыдон ӕй ныддӕрӕн кодтой, йӕ адӕмӕй йын бирӕты уацары райстой ӕмӕ сӕ акодтой Дамаскмӕ. Уый фӕстӕ Дунедарӕг Ахазы радта Израилы паддзахы къухмӕ, ӕмӕ йын уый уӕззау цӕфтӕ ныккодта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 28:5
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Арамы ӕфсад стыр нӕ уыди, фӕлӕ сын Дунедарӕг бирӕ тыхджындӕр ӕфсад сӕ къухмӕ радта, уымӕн ӕмӕ уыдон сӕхи атигъ кодтой Дунедарӕгыл, сӕ фыдӕлты Хуыцауыл. Афтӕмӕй арамейӕгтӕ стӕрхон кодтой Иоасӕн.


Ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕ карды амӕттаг баисты, нӕ фырттӕ, нӕ чызджытӕ ӕмӕ нӕ устыты та нын акодтой уацары.


Ӕмӕ сыл уӕд Ассирийы паддзахы ’фсады хицӕутты бафтыдта, ӕмӕ уыдон Менассиайыл хъадамантӕ скодтой, рӕхыстӕй йӕ сбастой ӕмӕ йӕ афтӕмӕй Вавилонмӕ акодтой.


Халдейаг паддзахы сыл сардыдта, ӕмӕ сын уый се ’взонг лӕппуты Кувӕндоны мидӕг кардӕй ныццагъта. Никӕуыл бацауӕрста: лӕппуйӕ, чызгӕй, хистӕрӕй, урссӕр зӕрондӕй се ’ппӕты дӕр ын Хуыцау радта йӕ къухмӕ.


Иоаким паддзах куы сси, уӕд ыл цыди фондз ӕмӕ ссӕдз азы, ӕмӕ Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ахаста иуӕндӕс азы. Дунедарӕгӕн, йӕ Хуыцауӕн, ӕнӕуынон цы уыди, уыдӕттӕ кодта.


Иотамы фырт Ахаз, Озиайы фырты фырт, Иудейы паддзах куы уыди, уыцы заман Арамы паддзах Рецин ӕмӕ Ремалийы фырт Феках, Израилы паддзах, Йерусалимы ныхмӕ хӕстмӕ рацыдысты, фӕлӕ йӕ сӕ бон бацахсын не сси.


цом ӕмӕ, дам, Иудеймӕ ссӕуӕм, фыд тас ын бафтауӕм йӕ адӕмыл, бацахсӕм ӕй ӕмӕ йын Тавалы фырты паддзахӕй сӕвӕрӕм.


фӕлӕ уалынмӕ раргом сты де ’наккаг хъуыддӕгтӕ, ӕнӕуынон кӕмӕн уыдтӕ, уыцы арамейаг чызджытӕ ӕмӕ сӕ алыварс цӕрджытӕ, стӕй филистимаг чызджытӕ дӕуӕн алырдыгӕй фидистӕ куы кодтой, уӕды заманау.


Дунедарӕг сыл абырджыты сагъуыйын кодта, ӕмӕ сӕ стыгътой. Сӕ алыварс цӕрӕг знӕгты къухтӕм сӕ радта, ӕмӕ израилӕгтӕн сӕ ныхмӕ хӕцын сӕ бон нал уыди.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ