Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 28:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Уый цыди Израилы паддзӕхты фӕндӕгтыл, суанг ма Баалы гуымирыты дӕр джиппы рауадзын кодта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 28:2
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йе ’наккаг митӕй фӕзмыдта Израилы паддзӕхты, Ахавы бинонты, уымӕн ӕмӕ йӕ бинойнаг уыдис Ахавы чызг. Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы уыди, уыдӕттӕ кодта.


Ногӕй сарӕзта, кӕддӕр йӕ фыд Езекиа кӕй ныппырх кодта, уыцы кувӕн къуыбыртӕ, Баалтӕн скодта нывондхӕссӕнтӕ, Ашерӕйӕн — цӕджындзтӕ; табу ӕмӕ лӕггад кодта ӕппӕт уӕларвон стъалытӕн.


Уӕхи къухӕй хуыцӕуттӕ ма аразут уӕхицӕн.


Сӕ зӕхх байдзаг ис гуымирытӕй; табу кӕнынц, сӕхи къухӕй кӕй фӕцарӕзтой, уыдонӕн.


Сӕ фыдракӕндты аххосӕй сын Ӕз цы тӕрхон рахастон, уый сын фехъусын кӕндзынӕн: ферох Мӕ кодтой, ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕн буд сыгътой ӕмӕ сӕхи къухӕй конд гуымирытӕм куывтой.


Хинномы фырты дӕлвӕзы Баалӕн кувӕндӕттӕ скодтой, цӕмӕй дзы сӕ фырттӕ ӕмӕ сӕ чызджыты Молохӕн арты нывондӕн хӕссой! Ӕз сын ахӕм бардзырд нӕ радтон! Мӕ хъуыдыйы дӕр нӕ уыд, цӕмӕй ахӕм ӕлгъаг митӕ кӕной ӕмӕ Иудей тӕригъӕдты бынӕй мауал зына!»


Баалы гуымирытӕн буд кӕй сыгъта, уый тыххӕй йӕ Ӕз бафхӕрдзынӕн. Йӕхи-иу хъусцӕджытӕ ӕмӕ фӕрдгуытӕй сфӕлыста, ӕмӕ афтӕмӕй йӕ хӕзгулты фӕдыл зылди, Мӕн та-иу рохуаты ныууагъта, — зӕгъы Дунедарӕг.


Баалы нӕмттӕ дын дӕ былалгъӕй фесафдзынӕн, ӕмӕ сӕ кой нал фехъуысдзӕн.


Гуымирытӕм уе ’ргом ма здахут ӕмӕ уӕхицӕн джиппыуагъд гуымирытӕ ма аразут. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау.


Ӕппӕт адӕттӕ ’рцӕудзысты Йаковы ӕнӕхуыцау миты, Израилы тӕригъӕдты аххосӕй. Самари — мӕнӕ ис Йаковы тӕригъӕд! Йерусалим — мӕнӕ ис Иудейы уаз къуыпп!


Израилӕгтӕ, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы хъуыддӕгтӕ уыдысты, уыдоныл фӕцалх сты, Баалтӕн лӕггад кодтой.


Сӕ Хуыцауы ныууагътой, Баалтӕн ӕмӕ Астартӕтӕн лӕггад кодтой.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ