2 Азфыстытӕ 28:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст14 Уӕд хӕстонтӕ сӕ уацайрӕгты ӕмӕ се ’фтиаг ныууагътой раздзӕуджытӕ ӕмӕ ’ппӕт ӕмбырды раз. အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Номхыгъдӕй нысангонд чи ’рцыди, уыдон уацайрӕгты ракодтой, се ’фтиагӕй бӕгънӕджытыл уӕлӕдарӕс ӕмӕ къахыдарӕс скодтой, хӕрд ӕмӕ сын нозт радтой, сӕ хъӕдгӕмттӕ сын сойӕ байсӕрстой; ӕдзухъомты хӕрджытыл сбадын кодтой ӕмӕ се ’ппӕты дӕр арвыстой Пальмӕты сахармӕ, Йерихонмӕ, се ’фсымӕртӕм. Сӕхӕдӕг фӕстӕмӕ Самаримӕ ӕрбаздӕхтысты.