7 Йотамы иннӕ хъуыддӕгтӕ, йе ’ппӕт хӕстон хабӕрттӕ ӕмӕ йӕ царды уаджы ӕгъдау фыст ӕрцыдысты «Израил ӕмӕ Иудейы паддзӕхты чиныджы».
Йӕ иннӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр фыст ӕрцыдысты «Иудейаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы».
Иосафаты хъуыддӕгтӕ райдианӕй кӕронмӕ фыст сты Хананийы фырт Йегуйы азфыстыты ӕмӕ хаст ӕрцыдысты «Израилаг паддзӕхты азфыстыты чиныгмӕ».
Амациайы хъуыддӕгтӕ иууылдӕр, райдианӕй кӕронмӕ, фыст ӕрцыдысты «Иудей ӕмӕ Израилы паддзӕхты чиныджы».
Паддзах сси фондз ӕмӕ ссӕдзаздзыдӕй ӕмӕ Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта ӕхсӕрдӕс азы.