4 Иудейы хӕхбӕсты дӕр сахартӕ сарӕзта, хъӕдты та — фидӕрттӕ ӕмӕ мӕсгуытӕ.
Ӕмӕ иудейӕгтӕн загъта: «Саразӕм ацы сахартӕ ӕмӕ сын сӕ алыварс бырутӕ самайӕм, мӕсгуытӕ, кулдуӕрттӕ ӕмӕ ӕвдузӕнтимӕ. Ацы зӕхх нырма нӕхи у, уымӕн ӕмӕ мах ӕрцагуырдтам Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, ӕмӕ нӕ Уый дӕр алырдыгӕй сӕдас кодта». Афтӕмӕй аразын райдыдтой ӕмӕ уыдысты ӕнтыстджын.
Иосафатӕн йӕ хъомыс фылдӕрӕй-фылдӕр кодта. Иудейы зӕххыл сарӕзта фидӕрттӕ, стӕй сахартӕ ӕфтауцуатӕн.
Йотам аммонӕгты паддзахы ныхмӕ схӕцыд ӕмӕ йыл фӕуӕлахиз. Уыцы аз ын аммонӕгтӕ бафыстой хъалон: ӕвзисты сӕдӕ таланты, дӕс мин коры мӕнӕу, стӕй иу уый бӕрц та — хъӕбӕрхор. Ахӕм хъалон ын бафыстой дыккаг ӕмӕ ӕртыккаг аз дӕр.
Уыцы цауӕй цалдӕр боны фӕстӕ Мариа йӕхи срӕвдз кодта ӕмӕ хӕхбӕстӕм, иудейаг сахармӕ, ацыди.