Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 26:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Озиа Йерусалимы мӕсгуытӕ сарӕзта: Фисыны кулдуары раз, Дӕлвӕзы кулдуары раз ӕмӕ Къуымы фисыны раз, бафидӕрттӕ сӕ кодта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 26:9
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Бет-Шемешы сахары цур Израилы паддзах Йоаш уацары райста Иудейы паддзах Амациайы, Иоасы фырты, Ахазиайы фырты фырты, бабырста Йерусалиммӕ ӕмӕ йын фехӕлдта йӕ быру — Ефремы кулдуарӕй Фисыны кулдуары онг, цыппарсӕдӕ ӕлмӕрины дӕргъӕн.


Израилы паддзах Йоаш Бет-Шемешы сахары цур уацары райста Иудейы паддзах Амациайы, Иоасы фырты, Иоахазы фырты фырты. Йерусалиммӕ йӕ ӕрбакодта ӕмӕ Ефремы кулдуарӕй Фисыны кулдуары онг сахары сис фехӕлдта — цыппарсӕдӕ ӕлмӕрины дӕргъӕн.


Ӕхсӕвы цӕстӕй Дӕлвӕзы кулдуарыл рацыдтӕн сахарӕй, Залиаг калмы суадоны цурты хуссарӕрдӕм атындзыдтон ӕмӕ дарддӕр мӕ ных Фаджыскалӕн кулдуармӕ сарӕзтон. Йерусалимы пырх къултӕ ӕмӕ сыгъд кулдуӕрттӕ фӕрауын-бауын кодтон.


Раздӕхтӕн Кедроны дӕлвӕзыл талынджы, сисмӕ фӕкӕстытӕ кодтон ӕмӕ Дӕлвӕзы кулдуарыл фӕстӕмӕ ӕрбацыдтӕн.


Дӕлвӕзы Кулдуар самадтой Ханун ӕмӕ заноахӕгтӕ, йӕ дуӕрттӕ йын ӕрцауыгътой, йӕ гуыдыртӕ ӕмӕ йын йе ’хгӕнӕнтӕ сӕвӕрдтой. Уымӕй уӕлдай ма къулӕй ноджыдӕр мин ӕлмӕрины — Фаджыскалӕн кулдуары онг — самадтой.


Йӕ фарсмӕ, къулы иннӕ хай, Азариайы хӕдзарӕй тигъы фӕзилӕнмӕ, амадта Хенадады фырт Биннуй.


Фисыны уӕллаг агъуыстӕй Фысвосы кулдуары онг та къул амадтой зӕрингуырдтӕ ӕмӕ сӕудӕджертӕ.


Ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ ацы сахар Хананелы мӕсыгӕй Тигъы кулдуары онг ногӕй арӕзт ӕрцӕудзӕни Дунедарӕджы кадӕн.


Ацы зӕхх ӕгасӕй дӕр дӕлвӕз фестдзӕни, Гевӕйӕ суанг Риммоны, Йерусалимы хуссарварс чи ис, уый онг, Йерусалим та уыдонӕй фӕуӕлдӕр уыдзӕн. Йӕ бынаты лӕудзӕн ӕмӕ Бениамины кулдуарӕй Рагон кулдуар ӕмӕ Фисыны кулдуары онг, Хананелы мӕсыгӕй паддзахы сӕндуцӕнты онг адӕмӕй байдзаг уыдзӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ