8 Аммонӕгтӕ Озиайӕн фыстой хъалон, ӕмӕ йӕ номы кой айхъуысти суанг Мысыры арӕнтӕм, уымӕн ӕмӕ тынг хъомысджын сси.
Ӕз дын раарфӕ кӕндзынӕн, дӕуӕй рантысын кӕндзынӕн разагъды адӕм, скадджын дын кӕндзынӕн дӕ ном, ӕмӕ дӕ фӕрцы алчидӕр базондзӕни, Мӕ арфӕ цы у, уый.
Кӕстӕр чызг дӕр ныййардта лӕппу ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Бен-Амми. Уый та у ныры аммонӕгты фыдӕл.
Давид йӕхицӕн ном скодта, Цӕхджын дӕлвӕзы едомӕгтӕй ӕстдӕс мины куы ныццагъта, уӕд.
Басаста моавӕгты дӕр; зӕххыл сӕ ӕрхуыссын кодта, бӕндӕнӕй сӕ абарста ӕмӕ ӕртӕ бӕндӕны рауадысты: дыууӕ бӕндӕны дзы марынмӕ радта, иу та удӕгасӕй ныууагъта. Моавӕгтӕ Давиды дӕлбар баисты ӕмӕ йын хъалон фидын райдыдтой.
Йӕ куырыхон зондӕн ӕмбал нӕ уыди. Уыйас зонындзинӕдтӕ никӕмӕ уыди, суанг Езрахитаг Етанмӕ ӕмӕ Махолы фырттӕ Хеман, Калкол ӕмӕ Дардамӕ дӕр. Йӕ ном айхъуысти йӕ алыварс цӕрӕг адӕмтыл.
Ӕмӕ айхъуысти Давиды ном ӕппӕт бӕстӕтыл, Дунедарӕджы фӕндонӕй дзы стъӕлфын байдыдтой ӕппӕт адӕмтӕ иууылдӕр.
Филистимӕгтӕй чидӕртӕ Иосафатӕн хастой лӕвӕрттӕ, хъалоны охыл — ӕвзист. Араббӕгтӕ йын ӕрбатардтой лыстӕг фосы дзугтӕ: авд мин ӕмӕ авдсӕдӕ фыры, стӕй авд мин ӕмӕ авдсӕдӕ цӕуы.
Уымӕй цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ моавӕгтӕ ӕмӕ аммонӕгтӕ, меунӕгтӕй дӕр семӕ чидӕртӕ баиу ис, афтӕмӕй Иосафаты ныхмӕ хӕстмӕ рацыдысты.
Озиа Йерусалимы мӕсгуытӕ сарӕзта: Фисыны кулдуары раз, Дӕлвӕзы кулдуары раз ӕмӕ Къуымы фисыны раз, бафидӕрттӕ сӕ кодта.
Йотам аммонӕгты паддзахы ныхмӕ схӕцыд ӕмӕ йыл фӕуӕлахиз. Уыцы аз ын аммонӕгтӕ бафыстой хъалон: ӕвзисты сӕдӕ таланты, дӕс мин коры мӕнӕу, стӕй иу уый бӕрц та — хъӕбӕрхор. Ахӕм хъалон ын бафыстой дыккаг ӕмӕ ӕртыккаг аз дӕр.
Йӕ кой айхъуыст ӕгас Сирийыл, ӕмӕ Йӕм хастой, алы низтӕ кӕй бадомдтой, ахӕмты: хӕйрӕджджынты, суртӕгӕнджыты, ӕндзыгнизӕй хъыгдӕрдты, ӕмӕ сӕ Йесо дзӕбӕх кодта.
Аммонӕгтӕм баввахс стут; семӕ быцӕуыл ма ныллӕуут ӕмӕ хӕст ма ракъахут — уыдоны зӕххӕй Ӕз сымахӕн ницы ратдзынӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ Лоты байзӕддӕгтӕн схай кодтон“.
Уымӕй иу мӕй фӕстӕдӕр аммонаг Нахаш йе ’фсадимӕ ӕрбабырста ӕмӕ ӕрхъула кодта Галаады сахар Иавешыл. Иавешы цӕрджытӕ загътой Нахашӕн: «Цӕдис скӕн немӕ, ӕмӕ дӕ дӕлбартӕ уыдзыстӕм».