Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 26:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Иуахӕмы Озиа филистимӕгтимӕ схӕцыди, Гат, Йавне ӕмӕ Ашдоды сахартӕн сӕ систӕ ныззыгуым кодта. Ашдоды алфамбылай ӕмӕ филистимӕгты зӕххы иннӕ рӕтты сахартӕ сарӕзта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 26:6
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уымӕй чысыл фӕстӕдӕр Давид басаста филистимӕгты ӕмӕ сӕ йӕ дӕлбар бакодта. Сӕ къухӕй сын байста Метег-Аммайы сахар.


Уымӕй чысыл фӕстӕдӕр Давид басаста филистимӕгты ӕмӕ сӕ йӕ дӕлбар бакодта. Сӕ къухӕй сын байста Гат ӕмӕ йӕ алыварс хъӕутӕ.


Дунедарӕг Иорамы ныхмӕ сыстын кодта филистимӕгтӕ ӕмӕ араббӕгты, эфиопӕгтӕм хӕстӕг чи царди, уыдоны.


«Филистимӕгтӕ, ма цин кӕнут, цы лӕдзӕгӕй уӕ надтой, уый кӕй ныппырх ис, ууыл, уымӕн ӕмӕ маргджын калмы уидагӕй райгуырдзӕнис калм, уымӕй та — фат-калм.


Ассирийы ӕфсады хицау йӕ паддзах Саргоны бардзырдмӕ гӕсгӕ Ашдоды сахармӕ цы аз бабырста ӕмӕ йӕ бацахста,


Ашдоды зӕххыл дӕр, паддзахы бадӕны чи рабадт, уый, стӕй Ашкелоны паддзахы дӕр фесафдзынӕн. Мӕ къух сисдзынӕн Екронмӕ, филистимӕгтӕй ма чи аирвӕзт, уыдон цагъды фӕуыдзысты, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


Ацӕут-ма Калнейы зӕхмӕ ӕмӕ акӕсут, уый фӕстӕ бацӕут номдзыд Хаматмӕ, ныццӕут-ма филистимӕгты Гатмӕ: сӕ паддзахӕдтӕ сымахӕй тыхджындӕр не сты, сӕ арӕнтӕ — уӕрӕхдӕр?


Дарддӕр арӕн рахызт Екроны цӕгатвахсмӕ ӕмӕ фӕзылди Шиккероны ’рдӕм, ахызти Баалайы хӕхбӕстыл ӕмӕ бахӕццӕ Йавнелмӕ, уырдыгӕй та йӕхи айтыгъта суанг денджызы онг.


Ашдод йӕ сахаргӕрӕттимӕ ӕмӕ йӕ алыварс хъӕутимӕ; Газӕ йӕ сахаргӕрӕттимӕ ӕмӕ йӕ алыварс хъӕутимӕ суанг Мысыры арӕныл тӕрфы онг ӕмӕ Зӕххастӕуы денджызы онг йӕ былгӕронимӕ.


Филистимӕгтӕ Хуыцауы Фидыды Чырын куы байстой, уӕд ӕй Евен-Езерӕй Ашдодмӕ


Дунедарӕг тынг ӕрӕлхъывта Ашдоды цӕрджыты, стыр тас сӕ бауагъта. Сӕхи дӕр ӕмӕ сын сӕ алфамбылай цӕрджыты буар дӕр сынкъ фестын кодта.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ