4 Озиа, Дунедарӕджы раз раст цы уыди, уыдӕттӕ кодта, йӕ фыд Амациа куыддӕриддӕр уыдис, афтӕ.
Паддзах сси ӕхсӕрдӕсаздзыдӕй ӕмӕ Йерусалимы сахары паддзахиуӕг фӕкодта дыууадӕс ӕмӕ дыууиссӕдз азы. Йӕ мад уыд йерусалимаг чызг, йӕ ном — Йехоли.
Йотам, Йӕ фыд Озиайы хуызӕн, Дунедарӕгӕн ӕхцон цы у, уыдӕттӕ кодта.
Цалынмӕ сауджын Йехода ӕгас уыди, уӕдмӕ Иоас ӕдзухдӕр кодта, Дунедарӕгӕн фӕндон цы уыди, уыдӕттӕ.
Амациа Дунедарӕгӕн фӕндон хъуыддӕгтӕ кодта, фӕлӕ Йыл бынтон иузӕрдион нӕ уыди.
Озиа паддзах куы сси, уӕд ыл цыди ӕхсӕрдӕс азы ӕмӕ Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта дыууадӕс ӕмӕ дыууиссӕдз азы. Йӕ мад уыди йерусалимаг чызг, йӕ ном — Йехоли.
Цалынмӕ Захариа ӕгас уыд ӕмӕ йӕ Хуыцауы тасыл ахуыр кодта, уӕдмӕ агуырдта Хуыцауы, ӕмӕ йын йӕ алы хъуыддаг дӕр ӕнтысти.
Йотам Дунедарӕгӕн фӕндон хъуыддӕгтӕ кодта, йӕ фыд Озиа куыддӕриддӕр уыдис, афтӕ. Ӕрмӕст уыйау Кувӕндонмӕ нӕ бацыд. Адӕм та раздӕрау ӕнӕуаг митӕ кодтой.
Езекиа Дунедарӕгӕн фӕндон хъуыддӕгтӕ кодта, йӕ фыдӕл Давид куыддӕриддӕр уыдис, афтӕ.