Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 26:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Озиайы къухы уыди будсудзӕн, ӕмӕ ныридӕгӕн буд ссудзынмӕ уыди цӕттӕ. Йӕ маст рафыхти сауджынтӕм, ӕмӕ, куыддӕр рамӕсты ис, афтӕ сауджынты цӕстыты раз, Дунедарӕджы Кувӕндоны, будсудзӕн нывондхӕссӕны цур, йӕ тӕрныхыл фӕзынди хъотыр.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 26:19
7 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ахаз ӕрыздӕхти Дамаскӕй ӕмӕ ног нывондхӕссӕн куы федта, уӕд йӕ сӕрмӕ схызти


Аса зонынджынмӕ смӕсты ис, фыр мӕстӕй ма йӕ ахӕстоны дӕр сбадын кодта. Уыцы заман адӕмӕй иуӕй-иуты дӕр ӕнӕхъуаджы карз бафхӕрдта.


Амациа йын йӕ ныхас ӕрдӕгыл аскъуыдта ӕмӕ загъта: «Паддзахӕн дӕ уынаффӕгӕнӕгӕй чи сӕвӕрдта? Ныхъхъус у, цалынмӕ дӕ нӕ амардтой, уӕдмӕ!» Пехуымпар иу цасдӕр ницыуал сдзырдта, стӕй загъта: «Ӕз ӕй зонын: Хуыцау дӕ фесафын сфӕнд кодта, кӕд ды ахӕм хъуыддӕгтӕ кӕныс ӕмӕ дӕ мӕ уынаффӕмӕ байхъусын нӕ фӕнды, уӕд».


Алчер Азариа ӕмӕ йӕм иннӕ сауджынтӕ куы бакастысты, уӕд ын йӕ ныхыл хъотыр федтой ӕмӕ йӕ рӕвдз уырдыгӕй ӕддӕмӕ ракодтой. Йӕхӕдӕг дӕр тагъд кодта рацӕуыныл, уымӕн ӕмӕ йӕ Дунедарӕг ӕрцавта.


Сауджын ӕм ӕркӕсдзӕн, ӕмӕ йӕ буарыл урс тӕппал куы фӕзына, тӕппалыл цы хъуынтӕ ис, уыдон куы сурс уой, йӕ хъӕдгом та уыцы ран куы фегом уа,


Ӕврагъ Цатырӕй адард ис, Мариамы буар та хъотырӕй митау урс адардта. Аарон бакасти Мариаммӕ ӕмӕ федта, къахӕй сӕрмӕ йыл хъотыр кӕй ис, уый.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ