17 Йӕ фӕдыл мидӕмӕ бацыд алчер Азариа, йемӕ ма — Дунедарӕджы сауджынтӕй цыппарыссӕдз лӕджы, ӕхсарджын адӕм.
Ӕхсарджын хӕстон лӕппу Цадок ӕм ӕрцыд йӕ мыггагӕй дыууын дыууӕ хицауимӕ.
Овед-Едомы фырт Шемайайӕн дӕр райгуырди фырттӕ. Уыдон сӕ мыггагӕн уыдысты уынаффӕгӕнӕг, уымӕн ӕмӕ сӕрӕн лӕгтӕ уыдысты.
Иохананӕй райгуырд Азариа — Соломон Йерусалимы кӕй сарӕзта, уыцы Кувӕндоны сауджын;
Озиайӕн йӕ размӕ ӕрлӕууыдысты ӕмӕ загътой: — Озиа, дӕуӕн не ’мбӕлы Дунедарӕгӕн буд судзын! Уый сауджынты, Аароны байзӕддӕгты, куыст у — уыдон уыцы куыстӕн сӕрмагондӕй сыгъдӕггонд ӕрцыдысты. Кувӕндонӕй ӕддӕмӕ рацу, уымӕн ӕмӕ фыдракӕнд сарӕзтай, ӕмӕ дын уый Дунедарӕджы раз кады хос нӕ уыдзӕн.