Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 26:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Ӕфсадӕн йӕхи мидӕг та уыди ӕртӕсӕдӕ авд мин фондзсӕдӕ хӕстоны, уыдон тохмӕ ӕмӕ паддзахы знӕгты ныхмӕ хӕстмӕ рацӕуынмӕ уыдысты цӕттӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 26:13
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Роховам Йерусалиммӕ куы ’рбахӕццӕ ис, уӕд Иудӕ ӕмӕ Бениамины хӕдзарвӕндӕгтӕй ӕрӕмбырд кодта сӕдӕ ӕстай мин ӕвзаргӕ хӕстоны, цӕмӕй Израилы ныхмӕ схӕцой ӕмӕ Роховамӕн йӕ паддзахад фӕстӕмӕ йӕ къухы бакӕной.


Роховам хъомысджын паддзах куы сси ӕмӕ йӕ паддзахы бадӕны куы ’рфидар ис, уӕд Дунедарӕджы Ӕгъдауыл йӕ зӕрдӕ сивта, ӕмӕ йемӕ ӕппӕт Израил дӕр.


Авийайы ӕфсады уыди цыппарсӕдӕ мин лӕджы — ӕвзаргӕ хӕстонтӕ, ӕхсарджынтӕ, Йоровамы ӕфсады та — астсӕдӕ мины, ӕвзаргӕ хӕстонтӕ, сахъгуырдтӕ.


Ӕмӕ иудейӕгтӕн загъта: «Саразӕм ацы сахартӕ ӕмӕ сын сӕ алыварс бырутӕ самайӕм, мӕсгуытӕ, кулдуӕрттӕ ӕмӕ ӕвдузӕнтимӕ. Ацы зӕхх нырма нӕхи у, уымӕн ӕмӕ мах ӕрцагуырдтам Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, ӕмӕ нӕ Уый дӕр алырдыгӕй сӕдас кодта». Афтӕмӕй аразын райдыдтой ӕмӕ уыдысты ӕнтыстджын.


Асайы ӕфсады Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй уыдис ӕртӕсӕдӕ мин хӕстоны, ӕрцытӕ ӕмӕ стыр уартытимӕ, Бениамины хӕдзарвӕндагӕй та — дыууӕсӕдӕ ӕстай мин хӕстоны, ӕрдынтӕ ӕмӕ гыццыл уартытимӕ. Иууылдӕр уыдысты хъӕбатыр хӕстонтӕ.


Амациа ӕрӕмбырд кодта Иудейы цӕрджыты, Иудӕ ӕмӕ Бениамины хӕдзарвӕндӕгты се ’ппӕты дӕр. Мыггаггай сӕ скодта ӕфсад ӕмӕ сын сӕ сӕргъы миныхицӕуттӕ ӕмӕ сӕдӕйыхицӕутты сӕвӕрдта. Ссӕдз азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыди, уыдоны банымадта, ӕмӕ йӕм разындис ӕртӕсӕдӕ мин ӕвзаргӕ хӕстоны — хӕстмӕ цӕуынхъом чи уыди, стӕй арц ӕмӕ уартӕй хӕцынмӕ чи арӕхстис, ахӕмтӕ.


Ӕхсарджын ӕфсады сӕргъы лӕууыдысты дыууӕ мин ӕхсӕзсӕдӕ лӕджы.


Озиа йе ’ппӕт ӕфсадӕн дӕр ӕрцӕттӕ кодта уартытӕ, ӕрцытӕ, такатӕ, згъӕрхӕдӕттӕ, ӕрдынтӕ ӕмӕ дуртӕ дурӕхсӕнтӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ