12 Ӕхсарджын ӕфсады сӕргъы лӕууыдысты дыууӕ мин ӕхсӕзсӕдӕ лӕджы.
Авийайы ӕфсады уыди цыппарсӕдӕ мин лӕджы — ӕвзаргӕ хӕстонтӕ, ӕхсарджынтӕ, Йоровамы ӕфсады та — астсӕдӕ мины, ӕвзаргӕ хӕстонтӕ, сахъгуырдтӕ.
Озиамӕ уыди хӕстхъом ӕфсад дӕр, дихгонд уыди хицӕн къордтыл. Номхыгъдтӕ сын скодтой писыр Йеиел ӕмӕ цӕстдарӕг Маасеа. Сӕ дыууӕйӕн та разамынд лӕвӕрдта Хананиа, паддзахы сӕйраг барджынтӕй иу.
Ӕфсадӕн йӕхи мидӕг та уыди ӕртӕсӕдӕ авд мин фондзсӕдӕ хӕстоны, уыдон тохмӕ ӕмӕ паддзахы знӕгты ныхмӕ хӕстмӕ рацӕуынмӕ уыдысты цӕттӕ.
Ранымайдзынӕн, паддзах Артаксерксы заман мемӕ Вавилонӕй чи рацыди, уыцы мыггӕгты хистӕрты нӕмттӕ, сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕ.