Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 26:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Мӕсгуытӕ сарӕзта ӕдзӕрӕг быдыры дӕр, ноджы скъахта бирӕ донуӕттӕ, уымӕн ӕмӕ йӕм уӕлвӕзты дӕр ӕмӕ дӕлвӕзты дӕр бирӕ фос уыди. Хӕхбӕсты ӕмӕ йӕм дӕлвӕзы уыди зӕхкусджытӕ ӕмӕ сӕндонгӕстӕ, уымӕн ӕмӕ зӕххы куыст уарзта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 26:10
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дӕ минӕвӕртты дзыхӕй Дунедарӕджы фауыс. Ды зӕгъыс: „Ӕфсӕнуӕрдӕттӕ мӕм бирӕ ис, ӕз уыдонимӕ схызтӕн хӕхты бӕрзӕндтӕм, Ливаны рӕгътӕм. Ныццагътон ын йӕ бӕрзонд кедртӕ, йӕ хуыздӕр кипаристӕ. Йӕ бӕрзонддӕр хохмӕ йын схызтӕн, йӕ хуыздӕр хъӕдтӕм ын бацыдтӕн.


Моавы паддзах Меша, бонджын фосдарӕг, Израилы паддзахӕн ӕрвылаз ӕрвыста хъалон: сӕдӕ мины кусӕрттаг фыстӕ, сӕдӕ мины та — ӕнӕлвыд фыртӕ.


Иосафатӕн йӕ хъомыс фылдӕрӕй-фылдӕр кодта. Иудейы зӕххыл сарӕзта фидӕрттӕ, стӕй сахартӕ ӕфтауцуатӕн.


Иудейы сахарты йын бирӕ мулк уыди, Йерусалимы та ӕрбынат кодтой йӕ хуыздӕр хӕстонтӕ.


Озиамӕ уыди хӕстхъом ӕфсад дӕр, дихгонд уыди хицӕн къордтыл. Номхыгъдтӕ сын скодтой писыр Йеиел ӕмӕ цӕстдарӕг Маасеа. Сӕ дыууӕйӕн та разамынд лӕвӕрдта Хананиа, паддзахы сӕйраг барджынтӕй иу.


Сарӕзта сахартӕ, самал кодта бирӕ лыстӕг фосы дзугтӕ ӕмӕ стурвосы рӕгъӕуттӕ. Утӕппӕт фӕллӕйттӕ йын уыдысты Хуыцауы лӕвар.


Бӕстӕйӕн йӕ хуыздӕр ӕфтиаг — чи йыл ауды, уыцы паддзах.


Хӕрз чысыл рӕстӕг ма, ӕмӕ Ливаны хъӕд фестдзӕни дыргъдон, дыргъдон та фестдзӕни хъӕд.


уӕлвӕзы сахартӕ иууылдӕр, Галаад ӕмӕ Башан ӕнӕхъӕнӕй — суанг Салха ӕмӕ Едреийы онг (паддзах Огы сахартӕ Башаны).


Сӕумӕрайсом араст ис Саулы агурӕг. Самуелӕн фехъусын кодтой, Саул Кармелмӕ бацыди, уым йӕхицӕн кады цыртдзӕвӕн ныссагъта, стӕй уырдыгӕй рацыди ӕмӕ Гилгалмӕ ныххӕццӕ ис, зӕгъгӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ