1 Амациайы бӕсты ӕгас Иудейы адӕм паддзахӕй расидтысты йе ’хсӕрдӕсаздзыд фырт Озиайы.
Израилаг паддзах, Йоахазы фырт Йоаш, дыккаг аз паддзахиуӕг куы кодта, уӕд Иудейы паддзах сси Иоасы фырт Амациа.
Йӕ бӕсты йын иудейаг адӕм спаддзах кодтой йе ’хсӕрдӕсаздзыд фырт Азариайы.
уый фырт Амациа, уый фырт Азариа, уый фырт Йотам,
Йерусалимы цӕрджытӕ йын йӕ бӕсты паддзахӕй сӕвӕрдтой йӕ кӕстӕр фырт Ахазиайы, уымӕн ӕмӕ йӕ хистӕр фырттӕ ӕгас нал уыдысты. Араббӕгтимӕ цы ӕфсӕддон къорд ӕрбацыд, уый иудейӕгты хӕстон асадӕнмӕ бабырста ӕмӕ сӕ ныццагъта. Афтӕмӕй Иудейӕн паддзах сси Иорамы фырт Ахазиа.
Йӕ мард ын бӕхтыл фӕстӕмӕ Йерусалиммӕ ӕрбаластой ӕмӕ йӕ Иудӕйы сахары йӕ фыдӕлты фарсмӕ бавӕрдтой.
Йӕ фыды амӕлӕты фӕстӕ Озиа фӕстӕмӕ байста Елоты сахар ӕмӕ йӕ ногӕй бакодта Иудейы дӕлбар.
Фӕлӕ бӕстӕйы цӕрджытӕ, Амоны ныхмӕ сусӕгвӕнды чи архайдта, уыдоны се ’ппӕты дӕр ныццагътой ӕмӕ йын йӕ бӕсты паддзахӕй расидтысты йӕ фырт Иосиайы.
Дунедарӕг Хуыцау иудейаг паддзӕхтӕ Озиа, Иотам, Ахаз ӕмӕ Езекиайы заманты Иудей ӕмӕ Йерусалимы сомбоны фӕдыл Амоцы фырт Исайайӕн рагагъоммӕ кӕй равдыста, уыцы цӕстылуайӕнтӕ.
Дунедарӕг фехъусын кодта Йӕ ныхас Беерийы фырт Осиайӕн. Уый уыди Иудейы паддзӕхтӕ Озиа, Иотам, Ахаз ӕмӕ Езекиайы заманты, стӕй Израилы паддзах Йеровоамы, Йоасы фырты, заман.
Ацы чиныджы фыст ӕрцыдысты, Амос, Текоайы фыййӕуттӕй иу, цӕстылуайӕны цы фехъуыста, уыдӕттӕ. Уый уыдис иудейаг паддзах Озиайы ӕмӕ Израилы паддзах Йеровоамы, Йоасы фырты, заман, зӕххӕнкъуыстӕй дыууӕ азы раздӕр.