Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 25:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Фӕлӕ йӕм Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг ӕрбацыд ӕмӕ йын загъта: «Паддзах! Израилы ӕфсад демӕ хӕстмӕ ма ацӕуӕд, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг израилӕгтӕн, Ефремы байзӕддӕгтӕн, ӕххуыс нӕ кӕндзӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 25:7
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дунедарӕг Давидмӕ барвыста пехуымпар Натаны. Уый йӕм бацыд ӕмӕ йын загъта: «Иу сахары уыди дыууӕ лӕджы, сӕ иу бонджын, иннӕ та мӕгуыр.


Паддзах бауынаффӕ кодта ӕмӕ скӕнын кодта дыууӕ сыгъзӕрин уӕныджы, стӕй адӕмӕн загъта: «Йерусалиммӕ цӕуыны сӕр уӕ нал хъӕуы, Израилы адӕм. Мӕнӕ уын, Мысыры зӕххӕй уӕ чи ракодта, уӕ уыцы Хуыцауы фӕлгонцтӕ!»


Йоровам нывӕндтӕ ӕрхӕссыны охыл нывондхӕссӕны цур куыд лӕууыд, афтӕ Иудейӕ Вефилмӕ, Дунедарӕджы дзырдмӕ гӕсгӕ, ӕрбацыд иу пехуымпар, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг.


Ӕмӕ иу хатт уыцы сылгоймаг загъта йӕ мойӕн: «Ӕдзухдӕр нӕм цы фӕндаггон ӕрбацӕуы, уый у Хуыцауы ӕвзӕрст адӕймаг — уаз лӕг.


Махӕн нӕ раздзог Хуыцау у. Йӕ сауджынтӕ хӕтӕлтӕй ныууасыдысты — уӕ фыдбылызӕн тохы хъӕр хъуысы! Израилӕгтӕ, ма хӕцут Дунедарӕгимӕ, уӕ фыдӕлты Хуыцауимӕ! Ницы уын дзы рауайдзӕн!


Зонынджын Йегу, Хананийы фырт, фӕндагыл йӕ размӕ рацыд ӕмӕ йын бауайдзӕф кодта: «Ау, дӕуӕн ӕмбӕлдис ӕнӕхуыцауӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ, Дунедарӕг ӕнӕуынон кӕмӕн у, уыдонимӕ лымӕн кӕнын? Уый тыххӕй дӕ Дунедарӕджы азар баййафдзӕн.


Ноджы ма Израилы дӕр ӕвзисты сӕдӕ талантӕй баххуырста сӕдӕ мин хӕстоны.


Фыццаг ӕй куы федтон, уӕд Ефрем уыди тыгъд быдыры сагъд бӕласау, фӕлӕ ныр йӕ зӕнӕджы марынмӕ ратдзӕни».


Ды та, Хуыцауы сконд адӕймаг, дӕхи бахиз ӕппӕт уыдӕттӕй. Тырн рӕстадмӕ, Хуыцауӕн фӕндиаг цардмӕ, уырнынадмӕ, уарзтмӕ, фӕразон ӕмӕ сӕрныллӕг уӕвынмӕ.


Хуыцауы сконд адӕймаг алы хуызы ифтонг ӕмӕ алы хорз хъуыддагмӕ дӕр цӕттӕ куыд уа, афтӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ