Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 25:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Сӕ цоты сын нӕ амардта, уымӕн ӕмӕ Моисейы Ӕгъдауы чиныджы Дунедарӕг фӕдзӕхсы: «Цоты азымы тыххӕй фыдӕлтӕн марӕн нӕй, цотӕн та — фыдӕлты азымы тыххӕй. Алкӕй дӕр марын хъӕуы йӕхи фыдракӕнды аххосӕй».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 25:4
6 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Амациа ӕрӕмбырд кодта Иудейы цӕрджыты, Иудӕ ӕмӕ Бениамины хӕдзарвӕндӕгты се ’ппӕты дӕр. Мыггаггай сӕ скодта ӕфсад ӕмӕ сын сӕ сӕргъы миныхицӕуттӕ ӕмӕ сӕдӕйыхицӕутты сӕвӕрдта. Ссӕдз азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыди, уыдоны банымадта, ӕмӕ йӕм разындис ӕртӕсӕдӕ мин ӕвзаргӕ хӕстоны — хӕстмӕ цӕуынхъом чи уыди, стӕй арц ӕмӕ уартӕй хӕцынмӕ чи арӕхстис, ахӕмтӕ.


Тӕригъӕдтӕ чи кӕны, уый та амӕлдзӕни. Фыды азым фыртӕй не ’рдомдӕуыдзӕн, фырты азым та — фыдӕй. Рӕстгӕнӕгӕн йӕ рӕстад баззайдзӕни йемӕ, ӕнаккагӕн та тӕрхонгӕнӕг уыдзысты йе ’наккаг митӕ.


Уымӕн ӕмӕ алкӕй уд дӕр Мӕ къухы ис: фыды уд дӕр ӕмӕ фырты уд дӕр. Тӕригъӕд чи ракӕна, мӕлгӕ дӕр уый акӕндзӕн.


Йӕ фырты азымы тыххӕй фыды марӕн нӕй, йӕ фыды азымы тыххӕй — фырты: алчи йӕ тӕригъӕды тыххӕй хъуамӕ йӕхӕдӕг амӕла.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ