Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 25:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Амациа йын йӕ ныхас ӕрдӕгыл аскъуыдта ӕмӕ загъта: «Паддзахӕн дӕ уынаффӕгӕнӕгӕй чи сӕвӕрдта? Ныхъхъус у, цалынмӕ дӕ нӕ амардтой, уӕдмӕ!» Пехуымпар иу цасдӕр ницыуал сдзырдта, стӕй загъта: «Ӕз ӕй зонын: Хуыцау дӕ фесафын сфӕнд кодта, кӕд ды ахӕм хъуыддӕгтӕ кӕныс ӕмӕ дӕ мӕ уынаффӕмӕ байхъусын нӕ фӕнды, уӕд».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 25:16
29 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Паддзах нӕ байхъуыста адӕммӕ, уымӕн ӕмӕ уый уыди Дунедарӕджы фӕндон. Хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, Дунедарӕг силомаг пехуымпар Ахийайы дзыхӕй Наваты фырт Йоровамӕн цы ныхас загъта, уый.


Аса зонынджынмӕ смӕсты ис, фыр мӕстӕй ма йӕ ахӕстоны дӕр сбадын кодта. Уыцы заман адӕмӕй иуӕй-иуты дӕр ӕнӕхъуаджы карз бафхӕрдта.


Израилы паддзах бардзырд радта: «Райсут Михайы ӕмӕ йӕ акӕнут сахары хицау Амонмӕ, стӕй мӕ фырт Йоасмӕ.


Уӕд Хуыцауы Уд ӕртыхсти Захариайыл, сауджын Йеходайы фыртыл, ӕмӕ уый дзыллӕйы раз ӕрлӕууыд ӕмӕ загъта: «Афтӕ зӕгъы Хуыцау: цӕуылнӕ ӕххӕст кӕнут Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕ? Уӕ хъуыддӕгты ӕнтыстджын нӕ уыдзыстут. Кӕд Ыл сымах уӕхи атигъ кодтат, уӕд уыл Уый дӕр атигъ кӕндзӕн Йӕхи».


Уӕд йӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд сарӕзтой ӕмӕ йӕ паддзах Иоасы бардзырдӕй Дунедарӕджы хӕдзары кӕрты дуртӕй амардтой.


Дунедарӕг ӕм смӕсты ис, Йӕ пехуымпары йӕм арвыста, ӕмӕ йын уый загъта: «Цӕмӕн кувыс уыцы адӕмы хуыцӕуттӕм, уыдонӕн сӕ бон куы не сси сӕ адӕмы дӕ къухӕй фервӕзын кӕнын?»


Амациа йӕ дӕлдӕртимӕ бауынаффӕ кодта ӕмӕ Йегуйы фырты фыртмӕ, Йоахазы фырт Йоашмӕ, Израилы паддзахмӕ, арвыста минӕвӕрттӕ, цӕмӕй йын зӕгъой: «Мӕ размӕ рацу ӕмӕ нӕ хъарутӕ лӕгӕй-лӕгмӕ бавзарӕм!»


Моисейӕн загъта: «Цӕугӕ ардыгӕй ӕмӕ ме ’мгӕрон дӕр мауал фӕзын! Куыддӕр ма дӕ фенон — амӕлдзынӕ».


Фӕлӕ дӕ удӕгасӕй ныууагътон, цӕмӕй дын равдисон Мӕ хъомыс, цӕмӕй Мӕ ном айхъуыса ӕппӕт зӕххы цъарыл.


Зонынад сын ӕнӕуынон кӕй сси, Дунедарӕджы раз сӕм тас кӕй хъуамӕ уа, уый сӕм нымады дӕр кӕй нӕ уыд,


мӕ уынаффӕ мын йӕ зӕрдӕмӕ кӕй ничи айста, мӕ уайдзӕфтыл мын ӕлгъ кӕй кодтой,


Исты ӕрцӕуинаг хабары тыххӕй дзӕвгар раздӕр фӕзӕгъын, ахӕм ӕмӕ ахӕм хабар ӕрцӕудзӕни, зӕгъгӕ. Ӕз кӕддӕриддӕр сӕххӕст кӕнын Мӕ фӕнд, Мӕ мидзӕрдӕйы цы фӕзӕгъын, уый.


Дӕхи фыдракӕнд бафхӕрдзӕни дӕу, дӕ гадзрахат дӕ азымджын кӕндзӕни. Уӕдӕ ахъуыды кӕн ӕмӕ бамбар: Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, дӕ маст ӕмӕ дӕ фыдбылызӕн ныууагътай. Нӕй дӕм тас Мӕ разы, — зӕгъы Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —


„Ӕз сӕ нӕ арвыстон, — зӕгъы Дунедарӕг. — Рагуацты хуызы мӕнг ныхӕстӕ дзурынц Мӕ номӕй, цӕмӕй уӕ Ӕз ацы зӕххӕй фӕсурон ӕмӕ фесӕфат уӕ пехуымпартимӕ“».


„Софониа, Дунедарӕг дӕ сауджын Йеходайы бӕсты сауджынӕй сӕвӕрдта, цӕмӕй, Дунедарӕджы хӕдзары пехуымпариуӕг чи кӕна, уыцы нӕрӕмонтӕм дӕ цӕст дарай ӕмӕ-иу сыл хъадамантӕ бакӕнай.


Кареахы фырт Йоханан, ӕфсӕддон хицӕуттӕ ӕмӕ адӕм се ’ппӕт дӕр Дунедарӕджы ныхасмӕ нӕ байхъуыстой ӕмӕ Иудейы нӕ баззадысты.


Фӕлӕ сыкъауадындзы хъӕр чи фехъуса, уый йӕхи нӕ бахызта, зӕгъгӕ, уӕд карды амӕттаг бауыдзӕн, ӕмӕ йӕ тугныккалды аххосджын уыдзӕни йӕхӕдӕг.


Йесо Кувӕндоны адӕмы куы ахуыр кодта, уӕд Ӕм бацыдысты алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ ӕмӕ Йӕ бафарстой: «Ды ӕппӕт уыдӕттӕ цавӕр хъаруйӕ кӕныс? Ахӕм бар Дын чи радта?»


цӕмӕй сӕххӕст кӕной, Дӕ хъомыс ӕмӕ Дӕ фӕндонӕй рагагъоммӕ нысангонд цы уыди, уый.


Афтӕ Хуыцау дӕр — фӕндыд Ӕй Йӕ азар ӕмӕ Йӕ хъомыс равдисын, уӕддӕр тынг фӕразонӕй быхста, фесӕфынмӕ цӕттӕ чи уыд ӕмӕ Йӕ азар кӕуыл хъуамӕ ныккалдтаид, уыдонӕн.


Чырыстийы фӕрцы махӕй Йӕхицӕн скодта бындартӕ. Афтӕ Хуыцау снысан кодта рагацау, уымӕн ӕмӕ Уый ӕппӕт дӕр аразы Йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ,


Фӕлӕ нӕ Сигон, Хешбоны паддзах, йӕ зӕххыл ацӕуын нӕ бауагъта. Сызнӕт ӕй кодта Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, йӕ зӕрдӕ йын ныддур кодта, цӕмӕй уын ӕй уӕ къухмӕ ратта, ӕцӕгдӕр куыд рауадис, афтӕ.


Уымӕн ӕмӕ ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ адӕм раст ахуырадыл сӕхи атигъ кӕндзысты, сӕ монцтӕм гӕсгӕ сӕхицӕн ӕвзардзысты, сӕ хъустӕн ӕхсызгон кӕй ныхас уа, ахӕм бирӕ ахуыргӕнджытӕ;


Зӕххыл цӕрджытӕн уый уыдзӕн цины бӕрӕгбон, кӕрӕдзийӕн ӕрвитдзысты лӕвӕрттӕ, уымӕн ӕмӕ сын уыцы дыууӕ пехуымпары уыдысты удхары хос.


Адӕймаг адӕймаджы раз куы фӕтӕригъӕдджын уа, уӕд ын, чи зоны, ӕмӕ Хуыцау ныххатыр кӕна, фӕлӕ адӕймаг Дунедарӕджы раз куы фӕтӕригъӕдджын уа, уӕд та йын чи ныххатыр кӕндзӕн?» Фӕлӕ фырттӕ сӕ фыды уайдзӕф ницӕмӕ ӕрдардтой, уымӕн ӕмӕ сӕ Дунедарӕг ралгъыста.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ