4 Иуахӕмы паддзах Иоасмӕ ’рцыди Дунедарӕджы Кувӕндон рацаразыны фӕнд.
Уыдон та Дунедарӕджы, сӕ фыдӕлты Хуыцауы, Кувӕндоныл сыстырзӕрдӕ сты ӕмӕ лӕггад кӕнын райдыдтой Ашерӕйы цӕджындзтӕ ӕмӕ гуымирытӕн. Уый тыххӕй Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджыты Дунедарӕджы азар баййӕфта.
Йехода йын ракуырдта дыууӕ усы, ӕмӕ йын уыдонӕй рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ.
Ӕнӕхуыцау Атали ӕмӕ йӕ фырттӕ Хуыцауы хӕдзар куы сафтид кодтой ӕмӕ йын суанг йӕ уаз мигӕнӕнтӕй дӕр, Баалтӕн лӕггад кӕнгӕйӕ, куы спайда кодтой!»