Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 24:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 Иоасы фыртты хабӕрттӕ, йӕ ныхмӕ цы бирӕ рагуацтӕ загъд ӕрцыди, уыдон, ӕмӕ Хуыцауы хӕдзар рацаразыны хабӕрттӕ фыст сты «Паддзӕхты чиныджы таурӕгъты». Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Амациа.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 24:27
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фӕлӕ Иудейы паддзах Иоас райста, йӕ фыдӕлтӕ, Иудейы паддзӕхтӕ — Иосафат, Иорам ӕмӕ Ахазиа — Кувӕндоны къӕбицмӕ цы уаз дзауматӕ бахастой, стӕй Кувӕндоны хӕзнадӕтты сыгъзӕринӕй цыдӕриддӕр разынди, уыдон, ӕмӕ сӕ Арамы паддзах Хазаелӕн арвыста. Ӕмӕ уӕд уый Йерусалиммӕ нал бабырста.


Йӕ дӕлдӕртӕ, чи йӕ амардта, уыдон уыдысты: Шиматы фырт Йозавад ӕмӕ Шомеры фырт Йехозавад. Йӕ мард ын бавӕрдтой йӕ фыдӕлты зӕппадзы, Давиды сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Амациа.


уый фырт Амациа, уый фырт Азариа, уый фырт Йотам,


Авийайӕн йӕ иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй, стӕй йӕ ныхӕстӕ бакӕсӕн ис пехуымпар Иддойы фыст таурӕгъы.


Асайы хъуыддӕгтӕ иууылдӕр, райдианӕй кӕронмӕ, фыст ӕрцыдысты «Иудей ӕмӕ Израилы паддзӕхты чиныджы».


Иосафаты хъуыддӕгтӕ райдианӕй кӕронмӕ фыст сты Хананийы фырт Йегуйы азфыстыты ӕмӕ хаст ӕрцыдысты «Израилаг паддзӕхты азфыстыты чиныгмӕ».


Уый фӕстӕ-иу паддзах ӕмӕ Йехода уыцы ӕхца, Дунедарӕджы хӕдзары куыст кӕй бӕрны уыди, уыцы лӕгтӕм радтой, ӕмӕ-иу дзы уыдон баххуырстой дуркӕрдджытӕ ӕмӕ хъӕддӕсныты, куырдтӕ ӕмӕ ӕрхуыгуырдты, цӕмӕй Дунедарӕджы Кувӕндон сцалцӕг кӕной.


Сусӕгвӕнд чи скодта, уыдон уыдысты аммонаг чызг Шиматы фырт Завад ӕмӕ моаваг чызг Шимриты фырт Йозавад.


Амациа паддзах сси фондз ӕмӕ ссӕдзаздзыдӕй ӕмӕ Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта фараст ӕмӕ ссӕдз азы. Йӕ мады ном — Йехоадан, уый уыди йерусалимаг чызг.


Паддзах Соломонӕн йӕ иннӕ хабӕрттыл райдианӕй кӕронмӕ дзырдӕуы пехуымпар Натаны азфыстыты, силомаг Ахийайы рагуацты чиныджы ӕмӕ, зонынджын Йеддойӕн Наваты фырт Йоровамы тыххӕй Хуыцау цы цӕстылуайӕнтӕ раргом кодта, уыдоны.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ