Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 24:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Уӕззау цӕфӕй йӕ куы ныууагътой, уӕд паддзахы ныхмӕ йӕ дӕлдӕртӕ сусӕгвӕнд сарӕзтой, сауджын Йеходайы фырты кӕй амарын кодта, уый тыххӕй. Ӕмӕ йӕ амардтой йӕ сынтӕджы. Йӕ мард ын бавӕрдтой Давиды сахары, ӕрмӕст паддзӕхты зӕппадзы нӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 24:25
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ахийайы фырт Бааса, Иссахары хӕдзарвӕндагӕй, йӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд скодта ӕмӕ йӕ амардта филистимаг сахар Гиббетоны цур, Надав ӕмӕ ӕгас Израил сахарыл куы ӕрхъула кодтой, уыцы заман.


Дунедарӕг Иорамы ныхмӕ сыстын кодта филистимӕгтӕ ӕмӕ араббӕгты, эфиопӕгтӕм хӕстӕг чи царди, уыдоны.


ӕмӕ ӕрбаздӕхти Изреелмӕ, Сирийы паддзах Хазаелы ныхмӕ хӕцгӕйӕ, Рамоты сахары цы цӕфтӕ райста, уыдонӕй йӕхи сдзӕбӕх кӕнынмӕ. Ахавы фырт Йораммӕ йӕ рынчыны заман Изреелмӕ бӕрӕггӕнӕг ӕрбацыд Иудейы паддзах Ахазиа, Иорамы фырт.


Уый фӕстӕ Ахазиайы агурын райдыдта ӕмӕ, Самарийы ӕмбӕхстӕй куы бадти, уӕд ахст ӕрцыди. Йегумӕ йӕ ӕрбакодтой ӕмӕ йӕ амардтой. Бавӕрыны аккаг ӕй скодтой, уымӕн ӕмӕ загътой: «Цыфӕнды куы уа, уӕддӕр Дунедарӕгӕн зӕрдиагӕй кад чи кодта, уыцы Иосафаты фырты фырт у». Ӕмӕ Ахазиайы хӕдзары, паддзахиуӕг кӕнын йӕ бон кӕмӕн суыдаид, ахӕмӕй ничиуал баззад.


Бавӕрдтой йӕ Давиды сахары, паддзӕхты зӕппадзы, уымӕн ӕмӕ рӕстаг хъуыддӕгтӕ арӕзта Израилы, лӕггад кодта Хуыцау ӕмӕ Йӕ Кувӕндонӕн.


Сусӕгвӕнд чи скодта, уыдон уыдысты аммонаг чызг Шиматы фырт Завад ӕмӕ моаваг чызг Шимриты фырт Йозавад.


Амациа йӕхи Дунедарӕгыл куы атигъ кодта, уӕд ын уый фӕстӕ Йерусалимы йӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд сарӕзтой, ӕмӕ Лахишмӕ алыгъди. Фӕлӕ йын йӕ фӕдыл Лахишмӕ адӕмы арвыстой, ӕмӕ йӕ уыдон уым амардтой.


Йӕ паддзахдзинад куы ’рфидар ис, уӕд амардта йӕ лӕггадгӕнджыты, йӕ фыды марджыты.


Куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой Йерусалимы, ӕцӕг ӕй Израилы паддзӕхты зӕппӕдзтӕм нӕ бахастой. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Езекиа.


Уыдон сыгъдӕджытӕ ӕмӕ пехуымпарты туг кӕй ныккалдтой, уый тыххӕй сын Ды туг бануазын кодтай — уый аккаг сты».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ