2 Азфыстытӕ 24:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст21 Уӕд йӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд сарӕзтой ӕмӕ йӕ паддзах Иоасы бардзырдӕй Дунедарӕджы хӕдзары кӕрты дуртӕй амардтой. အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Амациа йын йӕ ныхас ӕрдӕгыл аскъуыдта ӕмӕ загъта: «Паддзахӕн дӕ уынаффӕгӕнӕгӕй чи сӕвӕрдта? Ныхъхъус у, цалынмӕ дӕ нӕ амардтой, уӕдмӕ!» Пехуымпар иу цасдӕр ницыуал сдзырдта, стӕй загъта: «Ӕз ӕй зонын: Хуыцау дӕ фесафын сфӕнд кодта, кӕд ды ахӕм хъуыддӕгтӕ кӕныс ӕмӕ дӕ мӕ уынаффӕмӕ байхъусын нӕ фӕнды, уӕд».