2 Азфыстытӕ 24:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст20 Уӕд Хуыцауы Уд ӕртыхсти Захариайыл, сауджын Йеходайы фыртыл, ӕмӕ уый дзыллӕйы раз ӕрлӕууыд ӕмӕ загъта: «Афтӕ зӕгъы Хуыцау: цӕуылнӕ ӕххӕст кӕнут Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕ? Уӕ хъуыддӕгты ӕнтыстджын нӕ уыдзыстут. Кӕд Ыл сымах уӕхи атигъ кодтат, уӕд уыл Уый дӕр атигъ кӕндзӕн Йӕхи». အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Амациа йын йӕ ныхас ӕрдӕгыл аскъуыдта ӕмӕ загъта: «Паддзахӕн дӕ уынаффӕгӕнӕгӕй чи сӕвӕрдта? Ныхъхъус у, цалынмӕ дӕ нӕ амардтой, уӕдмӕ!» Пехуымпар иу цасдӕр ницыуал сдзырдта, стӕй загъта: «Ӕз ӕй зонын: Хуыцау дӕ фесафын сфӕнд кодта, кӕд ды ахӕм хъуыддӕгтӕ кӕныс ӕмӕ дӕ мӕ уынаффӕмӕ байхъусын нӕ фӕнды, уӕд».