19 Уый сӕм Йӕ пехуымпарты ӕрвыста, цӕмӕй сӕ фӕстӕмӕ Дунедарӕгмӕ раздахой, ӕмӕ-иу пехуымпартӕ сӕ ныхмӕ дзырдтой, фӕлӕ сӕм уыдон нӕ хъуыстой.
Цедекиа сыстади паддзах Навуходоносоры ныхмӕ, кӕд ын уый Хуыцауы раз ард бахӕрын кодта, уӕддӕр. Ахӕм хивӕнд ӕмӕ хиваст разынди, ӕмӕ йӕ ӕппындӕр Дунедарӕгмӕ, Израилы Хуыцаумӕ, йе ’ргом раздахын нал фӕндыд.
Сызмӕстой ӕмӕ ралӕууыдысты Дӕ ныхмӕ, Де ’Гъдауӕй Дын се ’ргом аздӕхтой. Уӕ Хуыцаумӕ скӕсут, зӕгъгӕ, Дӕумӕ раздӕхыны тыххӕй сын чи лӕгъстӕ кодта, Дӕ уыцы пехуымпарты марыныл нӕ ауӕрстой, Дӕуыл цъыф калыныл нӕ ауӕрстой.
Се ’ргом Дӕм раздахдзысты, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, Ды уыдонӕн бирӕ азты фӕбарстай. Фӕдзӕхстай сӕ Дӕ Уды фӕрцы — Дӕ пехуымпарты уылты, фӕлӕ уыдон нӕ хъуыстой, ӕмӕ сӕ Ды ӕцӕгӕлон адӕмты къухтӕм радтай.
Лӕмбынӕг ӕрбайхъусут, цы уын зӕгъдзынӕн, уымӕ!
Уыдӕттӕм уӕ йӕ хъус куыд ничи ӕрдардта, йӕ фидӕныл уӕ куыд ничи ахъуыды кодта?
Ӕрбайхъусут Мӕм, Мӕ адӕм, Ӕрбайхъусут Мӕм, Мӕ дзыллӕ! Ӕз уын ӕрӕвӕрдзынӕн Ӕгъдау, Мӕ амындтытӕ рухсдӕттӕг суыдзысты адӕмтӕн.
Ӕрбайхъусут Мӕм ӕмӕ Мӕм ӕрбацӕут! Кӕсут Мӕ коммӕ ӕмӕ цӕрат! Ӕз мыггагмӕ бафидаудзынӕн уемӕ ӕмӕ, Давидӕн зӕрдӕ цы хорзӕхтӕй бавӕрдтон, уыдон бахай кӕндзынӕн сымахӕн дӕр.
Дунедарӕг ӕртӕ ӕмӕ ссӕдз азы дӕргъы ныхас кӕны мемӕ, иудейаг паддзах Иосиа, Амоны фырт, ӕртындӕсӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уӕдӕй абонмӕ. Ӕмӕ ӕз ӕрвылбон уемӕ дзырдтон, фӕлӕ нӕ хъуыстат.
Фӕлӕ Мӕм нӕ хъуыстат, — зӕгъы Дунедарӕг, — уӕ хъуыддӕгтӕй Мӕ уӕхи фыдӕнӕн мӕсты кодтат.
Уымӕ гӕсгӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Мӕ ныхӕстӕм Мын кӕй нӕ хъуыстат,
Мӕ лӕггадгӕнджыты, пехуымпарты, ныхӕстӕм куынӕ хъусат, — кӕд сӕм нӕ хъусут, уӕддӕр уӕм Ӕз ӕдзухдӕр кӕй ӕрвитын, уыдонмӕ, —
Уӕ фыдӕлты хуызӕн ма ут, раздӕр цы пехуымпартӕ уыди, уыдон-иу сын дзырдтой: „Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: уӕ фыдвӕндӕгтӕ ӕмӕ уӕ фыдбылызы хъуыддӕгтӕ ныууадзут“. Фӕлӕ Мӕм уыдон нӕ хъуыстой.
Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд!»
Авраам ын дзуапп радта: „Моисей ӕмӕ пехуымпартӕм кӕм нӕ хъусынц, уым, мӕрдтӕй исчи райгас уа, ууыл дӕр нӕ баууӕнддзысты“».