Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 24:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Йеходайы амӕлӕты фӕстӕ Иудейы уӕздӕттӕ ’рбацыдысты сӕ паддзахмӕ ӕмӕ йын сӕ сӕртӕй ныллӕг ӕркуывтой. Уӕдӕй фӕстӕмӕ сын паддзах сӕ уынаффӕтӕм хъусын байдыдта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 24:17
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фӕлӕ Иудейы паддзах Иоас райста, йӕ фыдӕлтӕ, Иудейы паддзӕхтӕ — Иосафат, Иорам ӕмӕ Ахазиа — Кувӕндоны къӕбицмӕ цы уаз дзауматӕ бахастой, стӕй Кувӕндоны хӕзнадӕтты сыгъзӕринӕй цыдӕриддӕр разынди, уыдон, ӕмӕ сӕ Арамы паддзах Хазаелӕн арвыста. Ӕмӕ уӕд уый Йерусалиммӕ нал бабырста.


Бавӕрдтой йӕ Давиды сахары, паддзӕхты зӕппадзы, уымӕн ӕмӕ рӕстаг хъуыддӕгтӕ арӕзта Израилы, лӕггад кодта Хуыцау ӕмӕ Йӕ Кувӕндонӕн.


Уыдон та Дунедарӕджы, сӕ фыдӕлты Хуыцауы, Кувӕндоныл сыстырзӕрдӕ сты ӕмӕ лӕггад кӕнын райдыдтой Ашерӕйы цӕджындзтӕ ӕмӕ гуымирытӕн. Уый тыххӕй Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджыты Дунедарӕджы азар баййӕфта.


Фыдӕвзаг искӕй сусӕгтӕ рахъӕр кӕны — дзӕгъӕлдзыхӕй дӕхи хиз.


Фӕлитойӕн йӕ амӕттаг — ӕнӕуынон, сайӕгой ӕвзаг фыдбылыз цӕттӕ кӕны.


Фӕнды дурӕхсӕныл дур бабӕтт, фӕнды ӕдылыйӕн кад кӕн.


Кӕд паддзах мӕнг ныхӕстӕм хъусы, уӕд йӕ фӕсдзӕуинтӕ сты ӕнаккӕгтӕ.


Йӕ хионӕн цурон ныхӕстӕ чи кӕны, уый йын йӕ къӕхты бын ахсӕн хыз ӕвӕры.


Рӕстгӕнӕг дӕр йӕ рӕстадыл йӕ къух куы сиса ӕмӕ ӕнӕраст митӕ кӕнын куы райдайа, ӕнаккаджы ӕлгъаг митӕ куы фӕзма, уӕд куыд хъуамӕ баззайа цӕргӕйӕ? Уымӕй размӕ рӕстагӕй цы сарӕзта, уыдон ын нал ӕрымыстӕуыдзӕн. Цы фӕлывд митӕ ӕмӕ цы тӕригъӕдтӕ кӕны, уыдоны тыххӕй амӕлдзӕн.


Фидыдыл гадзрахатӕй чи рацӕуа, уыдоны паддзах козбау миты фӕрцы фӕсайдзӕн, фӕлӕ, йӕ Хуыцауы чи нӕ ферох кодта, уыдон ӕхсарджынӕй йӕ ныхмӕ тох кӕндзысты.


Ӕмӕ йӕм фӕстӕмӕ куы баздӕхы, уӕд ӕй марзт ӕмӕ ӕфснайдӕй баййафы.


уымӕн ӕмӕ ӕз хорз зонын, куыд хивӕнд ӕмӕ ӕнӕсӕттон стут, уый. Цалынмӕ удӕгас дӕн ӕмӕ уемӕ дӕн, уӕдмӕ кӕм нӕ уисӕн кӕнут Дунедарӕгӕн, уым ма, куы амӕлон, уӕд та цы уыдзӕни?


Уӕдӕ архайдзынӕн, ацы дунейӕ куы ацӕуон, уӕд мӕ ныхӕстӕ кӕддӕриддӕр уӕ зӕрдыл куыд лӕууой.


Гедеоны мӕлӕты фӕстӕ израилӕгтӕ ногӕй тӕригъӕды бацыдысты, Баалтӕн табу кодтой ӕмӕ Баал-Беритӕй сӕхицӕн хуыцау сарӕзтой.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ