Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 24:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Уый фӕстӕ-иу паддзах ӕмӕ Йехода уыцы ӕхца, Дунедарӕджы хӕдзары куыст кӕй бӕрны уыди, уыцы лӕгтӕм радтой, ӕмӕ-иу дзы уыдон баххуырстой дуркӕрдджытӕ ӕмӕ хъӕддӕсныты, куырдтӕ ӕмӕ ӕрхуыгуырдты, цӕмӕй Дунедарӕджы Кувӕндон сцалцӕг кӕной.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 24:12
7 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Тиры паддзах Хирам Давидмӕ йӕ минӕвӕртты ӕрбарвыста, семӕ — кедр хъӕдӕрмӕг, ноджы — дурамайджытӕ ӕмӕ хъӕддӕснытӕ, ӕмӕ Давидӕн галуан сарӕзтой.


Уыдонӕй уӕлдай ма Соломонмӕ хӕххон дурсӕттӕнты куыста ӕвдай мин дурхӕссӕджы ӕмӕ ӕстай мин дурлӕгъзгӕнӕджы.


Левиттӕ-иу асыкк паддзахы барджынтӕм куы ’рбахастой ӕмӕ-иу дзы уыдон бирӕ ӕхца куы федтой, уӕд-иу паддзахы нымӕрдар ӕмӕ алчеры цӕстдарӕг ӕрбацыдысты, ӕхца-иу асыккӕй ӕркалдтой ӕмӕ-иу ӕй фӕстӕмӕ йӕ бынатмӕ ахастой. Бонӕй-бонмӕ афтӕ кодтой ӕмӕ сӕм тынг бирӕ ӕхца ӕрӕмбырд ис.


Кусджытӕ сӕ куыстмӕ бавнӕлдтой, ӕмӕ Хуыцауы хӕдзар биноныг цалцӕггонд ӕмӕ фидаргонд ӕрцыди.


Иоасы фыртты хабӕрттӕ, йӕ ныхмӕ цы бирӕ рагуацтӕ загъд ӕрцыди, уыдон, ӕмӕ Хуыцауы хӕдзар рацаразыны хабӕрттӕ фыст сты «Паддзӕхты чиныджы таурӕгъты». Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Амациа.


Йӕ паддзахиуӕджы ӕстдӕсӕм аз, бӕстӕ ӕмӕ Хуыцауы хӕдзар ссыгъдӕг кӕныны фӕстӕ, Ацалиайы фырт Шафанӕн, стӕй сахары хицау Маасеа ӕмӕ Йоахазы фырт Йоахӕн, йӕ азфыссӕгӕн, бафӕдзӕхста йӕ Хуыцауы хӕдзар ногӕй рацаразын.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ