10 Уӕздӕттӕ ӕмӕ ӕгас адӕм, цингӕнгӕйӕ, хастой сӕ мысайнӕгтӕ, ӕмӕ-иу цалынмӕ байдзаг ис, уӕдмӕ сӕ асыччы ӕппӕрстой.
Адӕм цин кодтой, Дунедарӕгӕн афтӕ зӕрдиагӕй кӕй хастой сӕ мысайнӕгтӕ, ууыл. Цинӕй ради паддзах Давиды зӕрдӕ дӕр.
Левиттӕ-иу асыкк паддзахы барджынтӕм куы ’рбахастой ӕмӕ-иу дзы уыдон бирӕ ӕхца куы федтой, уӕд-иу паддзахы нымӕрдар ӕмӕ алчеры цӕстдарӕг ӕрбацыдысты, ӕхца-иу асыккӕй ӕркалдтой ӕмӕ-иу ӕй фӕстӕмӕ йӕ бынатмӕ ахастой. Бонӕй-бонмӕ афтӕ кодтой ӕмӕ сӕм тынг бирӕ ӕхца ӕрӕмбырд ис.
Ӕгас Иудей ӕмӕ Йерусалимӕн фехъусын кодтой, цӕмӕй Дунедарӕгӕн, кӕддӕр ӕдзӕрӕг быдыры Хуыцауы цагъар Моисей Израилы адӕмӕн кӕй снысан кодта, уыцы хъалон хӕссой.
Ды хӕлар цӕстӕй кастӕ рӕстгӕнджытӕм, Дӕ фӕдзӕхстытӕ Дын чи нӕ рох кодта, уыдонмӕ. Фӕлӕ нӕм смӕсты дӕ, уымӕн ӕмӕ незамантӕй фӕстӕмӕ Дӕ цӕсты раз кодтам тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ. Фервӕзын нӕ кӕн!
Уыдон фӕлвӕрд ӕрцыдысты стыр зынты, фӕлӕ уӕддӕр сӕ цинӕн кӕрон нӕй; уыцы мӕгуырӕй дӕр сӕ рӕдаудзинадӕн кӕрон нӕй.
Йӕ цӕст цас уарзы, алчидӕр уый бӕрц хъуамӕ ратта ӕнӕхъынцъымӕй ӕмӕ барвӕндонӕй, уымӕн ӕмӕ, зӕрдӕрухсӕй чи дӕтты, Хуыцау уыцы адӕймаджы уарзы.