Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 23:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Уый фӕстӕ Йехода Дунедарӕджы Кувӕндоны куыстытӕ бабар кодта сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕн, кӕддӕр сын паддзах Давид цы уаг ӕрӕвӕрдта, уымӕ гӕсгӕ, — уый сын бахӕс кодта цины зарджытимӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ хӕссын, Моисейы Ӕгъдауы чиныджы куыд фыст ис, афтӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 23:18
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уымӕн ӕмӕ Давид загъта: «Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, Йӕ адӕмӕн радта ӕнцой ӕмӕ Йерусалимы ӕрцарди мыггагмӕ.


Езекиа левиттӕн бардзырд радта, цӕмӕй ӕмдзӕгъдгӕнӕн тӕбӕгътӕ, дыууадӕстӕнонтӕ ӕмӕ хъисфӕндыртимӕ Дунедарӕджы Кувӕндоны ӕрлӕууой. Уыцы фӕтк сӕ заманы ӕрфидар кодтой паддзах Давид, йӕ зонынджын Гад ӕмӕ йӕ пехуымпар Натан, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг йӕ пехуымпартӕн афтӕ бафӕдзӕхста.


Езекиа иууылсудзинӕгтӕ нывондхӕссӕныл ӕрӕвӕрын кодта, ӕмӕ сыл арт куы бандзӕрстой, уӕд зарӕггӕнджытӕ Дунедарӕджы кадӕн ныззарыдысты, хӕтӕлтӕй ӕмӕ, Израилы паддзах Давид кӕй саразын кодта, ахӕм зӕлуадзӕнтӕй цагътой, афтӕмӕй.


Паддзах Езекиа ӕмӕ йӕ барджынтӕ левиттӕн загътой, цӕмӕй Дунедарӕджы стауой Давид ӕмӕ зонынджын Асафы ныхӕстӕй. Ӕмӕ уыдон дӕр хъӕлдзӕгӕй ныззарыдысты Дунедарӕджы кадӕн, бакуывтой Йын ӕмӕ зӕххыл ныддӕлгом сты.


Сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ адӕмӕн арфӕтӕ кодтой, ӕмӕ сын Хуыцау сӕ куывд айста, уымӕн ӕмӕ сӕ куывд ссыди уӕларвмӕ, Йӕ уаз цӕрӕнмӕ.


Иосиа сауджынтӕн сбӕлвырд кодта сӕ хӕстӕ, сразӕнгард сӕ кодта Дунедарӕджы Кувӕндоны лӕггад кӕнынмӕ.


ӕмӕ йӕ ахастой. Сауджын левиттӕ ма ноджы рахастой Фембӕлды Цатыр ӕмӕ йӕ уаз дзауматӕ иууылдӕр.


Сауджынтӕ ӕххӕст кодтой сӕ хӕстӕ, левиттӕ дӕр сӕ бынӕтты ӕрлӕууыдысты, кӕддӕр Давид Дунедарӕджы стауынӕн кӕй саразын кодта, уыцы зӕлуадзӕнтимӕ. Уыдон дӕр ӕй Давидау стыдтой: «Йӕ хорзӕх нӕ сӕфы мыггагмӕ!» Сауджынтӕ сӕ разы хӕтӕлтӕй цагътой, Израилы адӕм та уырдыг лӕууыдысты уыцы ран.


Авд боны цин кодтой Донгонд дзулты бӕрӕгбоныл. Уымӕн ӕмӕ сын Дунедарӕг арфӕ ракодта, Ассирийы паддзахы зӕрдӕ сӕм раздӕхта, ӕмӕ сын уый йе ’ххуысы руаджы Израилы Хуыцауы хӕдзар аразынмӕ сӕ къухтӕ сфидар кодта.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ