16 Йехода йӕхӕдӕг дӕр фидыды ард бахордта, стӕй фидыды ард адӕм ӕмӕ паддзахӕн дӕр бахӕрын кодта — Дунедарӕджы адӕм кӕй уыдзысты.
Йехода иудейаг адӕм ӕмӕ паддзахӕн Дунедарӕгимӕ фидыд саразын кодта. Адӕмы сӕйраг хӕс — Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнын. Ноджы ма Йехода саразын кодта фидыд паддзах ӕмӕ адӕмы ’хсӕн дӕр.
Афтӕмӕй Дунедарӕгимӕ, сӕ фыдӕлты Хуыцауимӕ, фидыд сарӕзтой ӕмӕ дзырд радтой, сӕ уд, сӕ зӕрдӕ кӕй хъардзысты кад Ын кӕныныл,
Ӕмӕ хъӕрӕй расомы кодтой Дунедарӕджы раз, цинхъӕр самадтой, хӕтӕлтӕй Йын цагътой ӕмӕ сыкъауадындзтӕй уасыдысты.
Иудейӕгтӕ иууылдӕр цин кодтой сӕ ардбахӕрдыл, уымӕн ӕмӕ сомы ракодтой зӕрдиагӕй. Ӕппӕт зӕрдӕйӕ Дунедарӕджы ӕрцагуырдтой, ӕмӕ сӕм Уый раргом ис. Дунедарӕг сӕ алырдыгӕй сӕдас кодта.
Ныр ӕз сфӕнд кодтон бафидауын Дунедарӕгимӕ, Израилы Хуыцауимӕ, кӕд нӕ Йӕ масты цӕхӕртӕ иуварс аздахид.
Бавдӕлӕм ӕмӕ нӕ Хуыцауимӕ бафидауӕм ӕмӕ дӕ фӕндӕй, нӕ хистӕр, ӕмӕ, Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ йӕ зӕрдӕйы арф ӕвӕрд кӕмӕн сты, ӕппӕт уыдоны фӕндӕй нӕ уыцы устыты ӕмӕ, кӕй нын ныййардтой, уыцы сывӕллӕтты иууылдӕр нӕхицӕй арвитӕм. Ӕгъдау куыд амоны, афтӕ фӕуӕд!
Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй мах аразӕм бардзырд, йӕ быны сӕ къухтӕ ӕвӕрынц ӕмӕ фыст афтӕмӕй фидар кӕнынц нӕ фӕтӕгтӕ, левиттӕ ӕмӕ сауджынтӕ».
Сӕ иу дзурдзӕн, ӕз Дунедарӕджы дӕн, иннӕ йӕхи схондзӕн Йаковы номӕй, ӕртыккаг ма йӕ къухыл дӕр ныффысдзӕн, Дунедарӕджы дӕн, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ схондзысты Израил.