2 Азфыстытӕ 23:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст14 Йехода сӕдӕйыхицӕуттӕн бардзырд радта: «Кувӕндонӕй йӕ ӕддӕмӕ акӕнут, йӕ фӕдыл чидӕриддӕр рацӕуа, уыдоны-иу амарут». Загъта ма сын: «Дунедарӕджы Кувӕндоны йӕ ма амарут». အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Цӕуы ӕмӕ уыны: тӕккӕ бацӕуӕны, бӕрзонд ран, ног паддзах йӕ бынаты лӕууы. Йӕ разы — ӕфсады хицӕуттӕ ӕмӕ хӕтӕлтӕй цӕгъдджытӕ. Бӕстӕйы адӕм иууылдӕр цин кӕнынц ӕмӕ цӕгъдынц сӕ хӕтӕлтӕй, зарӕггӕнджытӕ та сӕ зӕлуадзӕнтимӕ кады зарджытӕ зарынц. Уӕд Атали йӕ уӕлӕдарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывта ӕмӕ ныцъцъӕхахст кодта: «Сусӕгвӕнд! Сусӕгвӕнд!»