2 Азфыстытӕ 23:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст13 Цӕуы ӕмӕ уыны: тӕккӕ бацӕуӕны, бӕрзонд ран, ног паддзах йӕ бынаты лӕууы. Йӕ разы — ӕфсады хицӕуттӕ ӕмӕ хӕтӕлтӕй цӕгъдджытӕ. Бӕстӕйы адӕм иууылдӕр цин кӕнынц ӕмӕ цӕгъдынц сӕ хӕтӕлтӕй, зарӕггӕнджытӕ та сӕ зӕлуадзӕнтимӕ кады зарджытӕ зарынц. Уӕд Атали йӕ уӕлӕдарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывта ӕмӕ ныцъцъӕхахст кодта: «Сусӕгвӕнд! Сусӕгвӕнд!» အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Уый фӕстӕ паддзах уым уӕлӕуӕз йӕ сӕрмагонд бынаты слӕууыд ӕмӕ Дунедарӕджы цӕсгомы раз сфидар кодта Фидыд — Дунедарӕджы коммӕ кӕй кӕсдзӕн, Йӕ фӕдзӕхстытӕ, Йӕ уынаффӕтӕ ӕмӕ Йын Йӕ уагӕвӕрдтӕ зӕрдиагӕй кӕй ӕххӕст кӕндзӕн, кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ацы Фидыды чиныджы цы ныхӕстӕ фыст ис, уыдон дӕр. Ӕмӕ ӕппӕт адӕм дӕр ууыл бафидыдтой.