Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 23:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Уый фӕстӕ паддзахы фырты ӕддӕмӕ ракодтой, кады худ ыл ӕркодтой ӕмӕ йын радтой паддзахиуӕджы нысӕнттӕ. Йехода ӕмӕ йӕ фырттӕ йӕ паддзахӕй байсӕрстой. Адӕм се ’ппӕт дӕр цинхъӕр систой: «Ӕгас цӕуӕд паддзах!»

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 23:11
34 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕз ӕм бацыдтӕн ӕмӕ йӕ амардтон — уыдтон, нал фервӕздзӕни, уый. Йӕ сӕрӕй йын паддзахы худ систон, йӕ цонгдарӕн ын йӕ цонгӕй рафтыдтон ӕмӕ сӕ мӕнӕ ме ’лдармӕ ӕрбахастон».


Аркаг Хушай, Давиды лымӕн, Авессаломмӕ бацыд ӕмӕ йын загъта: «Ӕгас цӕуӕд паддзах! Ӕгас цӕуӕд паддзах!»


Израилы хистӕртӕ ӕмхуызонӕй паддзахмӕ Хевронмӕ ӕрбацыдысты. Уым, Дунедарӕджы раз, паддзах Давид семӕ фидыд сарӕзта, ӕмӕ йӕ Израилӕн паддзахӕй байсӕрстой.


Абон уый ацыд ӕмӕ бирӕ кусӕрттӕгтӕ аргӕвста: галтӕ, хӕрзхаст уӕнгуытӕ ӕмӕ фыстӕ. Йӕ куывдмӕ дын де ’ппӕт фыртты дӕр фӕхуыдта, стӕй ӕфсады хицау Йоавы ӕмӕ сауджын Авиафары. Уым иууылдӕр цӕл кӕнынц, нуазынц ӕмӕ сидынц: „Ӕгас цӕуӕд паддзах Адониа!“


Уым ӕй сауджын Цадок ӕмӕ пехуымпар Натан байсӕрдӕнт, цӕмӕй суа Израилы паддзах. Уӕд-иу сыкъауадындзтӕй ныууасут ӕмӕ ныхъхъӕр кӕнут: „Ӕгас цӕуӕд паддзах Соломон!“


Цадок ӕрбахаста Цатырӕй оливӕйы сойы сыкъа ӕмӕ Соломоны байсӕрста. Уый фӕстӕ сыкъауадындзтӕй ныууасыдысты, ӕмӕ адӕм ӕмдзыхӕй ныхъхъӕр кодтой: «Ӕгас цӕуӕд паддзах Соломон!»


Сауджын паддзахы фырты ӕддӕмӕ ракодта, паддзахы худ ыл ӕркодта ӕмӕ йын радта паддзахиуӕджы ӕвдисӕндар. Уый фӕстӕ йӕ байсӕрста ӕмӕ йӕ расидти паддзахӕй. Иууылдӕр ын нымдзӕгъд кодтой ӕмӕ цинхъӕр самадтой: «Ӕгас цӕуӕд паддзах!»


Фӕлӕ паддзахы чызг Йошевӕ Ахазиайы чысыл лӕппу Иоасы, марынвӕнд кӕмӕн скодтой, паддзахы уыцы фыртты ’хсӕнӕй радавта, йӕ дыджызӕйы дӕр ын ракодта ӕмӕ сӕ уаты бамбӕхста. Афтӕмӕй Йошевӕ (паддзах Иорамы чызг, сауджын Йеходайы бинойнаг, Ахазиайы хо), Иоасы Аталийӕ бамбӕхста, ӕмӕ йӕ уый нӕ амардта.


Адӕмы се ’ппӕты дӕр Кувӕндоны раз, йӕ цӕгатварсӕй хуссарварсы онг, стӕй нывондхӕссӕн ӕмӕ Кувӕндоны алыварс гӕрзифтонгӕй ӕрлӕууын кодта, цӕмӕй паддзахы алырдыгӕй хъахъхъӕной.


Атали адӕмы уынӕр куы фехъуыста, стӕй паддзахӕн хъӕрӕй куыд кад кӕнынц, уый, уӕд сӕ размӕ Дунедарӕджы Кувӕндоны ’рдӕм фӕраст ис.


Мӕ Хуыцау, хъӕрахст Дӕм кӕнын бонӕй, фӕлӕ мӕ нӕ хъусыс; ӕхсӕв дӕр ӕрдиаг кӕнын, фӕлӕ мӕ сабыргӕнӕг нӕй.


О Дунедарӕг, ӕнусмӕ нӕм мӕсты кӕндзынӕ? Артау кӕдмӕ судздзӕн Дӕ маст?


Фидыды Чырыны-иу нывӕр, къӕйдуртыл фыстӕй дын цы фӕдзӕхстытӕ ратдзынӕн, уыдон.


Фидыды Чырыны нывӕр, цы фӕдзӕхстытӕ дын ратдзынӕн, уыдон ӕмӕ йыл йӕ сӕр ӕрӕвӕр.


Хуыцау Синайы хохыл Йӕ ныхас куы фӕци Моисеимӕ, уӕд ӕм радта Фидыды дыууӕ къӕйдуры, Йӕхи къухӕй фыст фӕдзӕхстытимӕ.


Паддзӕхтӕ дӕ ӕфсаддзысты хойрагӕй, ус-паддзӕхтӕ дын суыдзысты дыджызӕтӕ. Ныллӕг дын-иу акувдзысты, сдӕрдзысты дын дӕ зӕвӕтты рыг, ӕмӕ уӕд базондзынӕ: Ӕз Дунедарӕг дӕн, ӕмӕ Мыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдон фыдӕнхъӕл нӕ фӕуыдзысты».


Ацы ӕвдисӕндар дзӕбӕх батух, ацы зондамындыл мыхуыр сӕвӕр Мӕ ахуыргӕнинӕгты раз».


Уе ’ргом раздахут Хуыцауы амындтытӕ ӕмӕ уынаффӕтӕм. Афтӕ уын чи нӕ дзура, уыдонӕн сӕ ныхӕсты рухс нӕй.


Йесойӕн Йӕ разӕй ӕмӕ Йӕ фӕстӕ цы адӕм цыди, уыдон хъӕр кодтой: «Осаннӕ Давиды Фыртӕн! Арфӕгонд уӕд Хуыцауы номӕй Ӕрцӕуӕг! Осаннӕ уӕлӕрвты!»


Фӕлӕ уынӕм, ӕрмӕст цыбыр рӕстӕгмӕ зӕдтӕй дӕлдӕр ӕвӕрд кӕй ӕрцыди Йесо, уый фӕстӕ та кад ӕмӕ намысӕй схайджын ис. Хуыцау мах Йе стыр хорзӕхы аккаг кӕй скодта, уымӕ гӕсгӕ Уый махӕй алкӕй сӕраппонд дӕр мӕлӕт бавзӕрста.


Тӕхудиаг у фӕлварӕнӕн фӕразон адӕймаг, уымӕн ӕмӕ, фӕлвӕрд куы уа, уӕд райсдзӕни, чи Йӕ уарзы, уыдонӕн Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыцы хӕрзиуӕг — мыггагмӕйы цард.


Байхъусут, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ. Дунейы цӕсты гӕвзыкк чи у, уыдоны Хуыцау, мыййаг, нӕ сӕвзӕрста уырнындзинадӕй сӕ схъӕздыг кӕнынмӕ ӕмӕ сӕ Йӕ Паддзахадмӕ бахонынмӕ? Уыцы Паддзахадӕй Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, чи Йӕ уарзы, уыдонӕн.


Барӕджы цӕстытӕ сты пиллон арты ӕнгӕс, Йӕ сӕрыл — бирӕ кады худтӕ. Йӕ уӕлӕ фыст ис, ӕрмӕстдӕр Йӕхӕдӕг кӕй зоны, уыцы ном.


уӕд цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры ныддӕлгом вӕййынц паддзахы бадӕны Бадӕджы раз ӕмӕ бакувынц ӕнусӕй-ӕнустӕм Цардӕгасмӕ, сӕ кады худтӕ ӕрӕвӕрынц Йӕ паддзахы бадӕны раз ӕмӕ хъӕрӕй фӕзӕгъынц:


Паддзахы бадӕны алыварс — цыппар ӕмӕ ссӕдз паддзахы бадӕны. Уыцы бадӕнты бадтысты цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры. Уыди сыл урс-урсид дарӕс, сӕ сӕртыл та — сыгъзӕрин кады худтӕ.


Скодтай сӕ паддзӕхтӕ, нӕ Хуыцауӕн лӕггадгӕнджытӕ, ӕмӕ паддзахиуӕг кӕндзысты зӕххыл».


Самуел райста сойы дурын, Саулы сӕрыл оливӕйы сой ӕруагъта, аба йын кодта ӕмӕ загъта: «Ацы байсӕрстӕй дӕ Дунедарӕг Йӕ адӕмӕн фӕтӕг зӕгъы.


Самуел адӕмӕн загъта: «Уынут, Дунедарӕг кӕй равзӕрста, уый? Ӕппӕт адӕмы ’хсӕн ын ӕмбал нӕй». Адӕм иууылдӕр цины хъӕр ныккодтой: «Ӕгас цӕуӕд паддзах!»


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ